Гиорги Гахариа – Глобалон сабырады Гуырдзыстоны роль хъуамæ тыхджындæр кæна  æмæ фæстагмæ, хъуамæ æрхæццæ уæм  евро-атлантикон интеграцимæ
Гиорги Гахариа – Глобалон сабырады Гуырдзыстоны роль хъуамæ тыхджындæр кæна æмæ фæстагмæ, хъуамæ æрхæццæ уæм евро-атлантикон интеграцимæ

Гуырдзыстоны  роль  глобалон сабырады  хъуамæ ноджы  тынгдæр кæна  æмæ фæстагмæ,  ахæм ахуыртæй  нæ  партнертимæ иумæ,  æмбынатиндзинад райрæзын кæныны фæрцы хъуамæ  æрхæццæ уæм евро-атлантикон  интеграцимæ, – уый фæдыл  Гуырдзыстоны  премьер-министр, Гиорги Гахариа  бирæнацион  ахуыр, «Аккаг Партнер 2020»-ы  байгомыл дзырдæй ралæуды рæстæджы   райхъусын кодта.

Афтма йæ ныхæстæм гæсгæ,  ахуыр   зæгъгæ у  æфсады  сегасдæр  ахсджиаг компонент, цæмæй   Гуырдзыстоны евро-атлантикон интеграци,  æппынфæстагмæ   сæххæстæуа.

«Алчи хорз æмбарæм, æмæй  бонæй-бон хуыздæр хъуамæ кæнæм  нæ æфсады уавæр, сæ  ифтонгæрзтæ,  сæ хæрздзæринад м алчи хъуамæ æмбарæм, ахæм ахуыртæ  Гуырдзыстоны  алкæцы æмбæстагы  æмæ нæ  бæстæйы  æмæ нæ паддзахады  ссабырады  гарант  кæй у  уый.  Уымæй  уæлдай ма   зондзыстут, Гуырдзыстоны æфсæддон тыхтæ  активон хайад кæй исынц   æндæр æмæ æндæр   сабырадон мисситы,  куыд Евроцæдисы  эгидæйæ, афтæ  АИШ-ы  эгидæйæ, нæ  æхсæнадæмон партнерты  эгидæйæ.  Алчи хорз æмбарæм уый æмæ   ахæм ахуыртæ нæ  æфсæддæттæн дæттынц  фадат,  аккаг дарой  мундир, уымæн æмæ  дзæбæх хъуамæ æмбарæм уый æмæ Гуырдзыстоны роль глобалон  сабырады,  тыхджынæй тыхджындæр хъуамæ кæна  æмæ æппыфæстаг,  ахæм ахуыртæй,  нæ партнертимæ иумæ æмбынатиндзинад райрæзын кæныны фæрцы хъуамæ  æрхæццæ уæм евро-атлантикон  интеграцимæ. Стыр бузныг  уын  фыццаджы дæр  аккаг службæйы тыххæй.  Бузныг нæ уазджытæн, нæ партнертæн, уымæн æмæ  дзæбæх хъуамæ æмбарæм, цææмй Гуырдзыстонæн  уый у иттæг нысаниуæгджын, уый у нæ райсом  æмæ уый  у  нæ  евро-атлантикон интеграци. Æппынфæстаг мæ  фæнды  зæгъын, цæмæй   ацы  ахуыртæ  никæй ныхмæ не сты, ацы  ахуыртæ сты Гуырдзыстоны  иргъæфхъомад фæтыхджын кæнынæн æмæ   уый у  Гуырдзыстоны  алы  æфсæддоны æмæ  алы  æмбæстагы хæс.  Ноджы иу хатт  бузныг  аккаг службæ кæныны  тыххæй», – райхъусын кодта Гиорги Гахариа.