Гиорги Гахариа -  фидæн цыппар азы  дæргъы Гуырдзыстоны хицауад системон инфраструктурон проектты бахардз кæнджзæн 20  миллиард  ларийы
Гиорги Гахариа - фидæн цыппар азы дæргъы Гуырдзыстоны хицауад системон инфраструктурон проектты бахардз кæнджзæн 20 миллиард ларийы

2012 азæй  2020  азы  онг   Гуырдзыстоны  хицауад   системон  инфраструктурон  проектты   капиталон хардзты  23   миллиард лари бахардз кодта, – уый фæдыл  Гуырдзыстоны  премьер-министр  Гиорги Гахариа  Цъаленджихайы, газификацийы программæйы  сæххæстимæ баст  мадзаллыл дзырдæй ралæуды рæстæджы  райхъусын кодта.

Хицауады сæргълæууæгы дзырдæй,   фидæн цыппар  азы  дæргъы, Гуырдзыстоны  хицауад  системон  инфраструктурон  проектты   бахардз кæндзæн  иууыл цъус  20  миллиард лари.

«Гуырдзыстоны хицауад 2021-2024 азты  бахардз кæндзæн  дывæрæй  фыллдæр.  Ай  уыцы  æхца у, кæцы  бахардз уыдзæн  фæндæгтыл,  газцæуæнтыл, доныл, скъолатыл, сабидæттыл – уый æппæтыл, кæцы нæ æрвылбойнон  цард, фылдæр æрыввахс кæндзæн европаг  стандарттæм», – фехъусын кодта Гиорги Гахариа.

Премьеры  дзырдæй, зæгъгæ   абон  сегасдæр стыр проблемæ  у фæндæгты æмæ  газификацийы  фæстæ ныуазæн  донæй æмæ иригацион  системæйæ   сифтонг   кæнын, кæцы фидæны цыппар  азы дæргъы  аскуыддзаг уыдзæн.

«2024 азмæ, Гуырдзыстоны 2 800 000 æмбæстагæн уыдзæн 24 сахатон   донæввонг. Ай æппæт  аразæм уый тыххæй,   цæмæй нæ æмбæстæгты æрвылбойнон  цард   скæнæм Евроæпйы  сегасдæр хуыздæр горæтты   царды хуызæн æмæ  уый æппæт хъуамæ саразæм иумæ. Ацы пъланыл  ныридæгæн цæттæ у  æмæ æвзæрстыты дыккаг бонæй  райдайдзæн йæ  æххæст кæнын алкуыран –  Цъаленджиха, Зугдиды, Телавы. Батумы  æмæ  алырандæр.  Куы фæзæгъæм, цæмæй  20  миллиард лари бахардз кæндзыстæм,  уæд  фæйнæ лари хъуамæ бахардз уа  ахæм нысæнттæн æмæ программæтæн, кæцытæ  фæхæццæ уыдзысты  алы æмбæстагмæ,  алы  хæдзармæ, æнæкæсгæ уымæ, кæм цæрынц.  Фæнды мæ зæгъын уын  æмæ  дзырд раттын, цæмæй  фидæн  цыппар азы уыдзысты   Самегрелойы æмæ Гуырдзыстоны  арæзтады  цыппар азы.

Ай  уыдзæн уыцы  цыппар азы,  кæронмæ куы  бахъом уыдзыстæм   системон  инфраструктурæй аиппытæ сраст кæнын, уыдзысты фæндæгтæ, донæввонгн, газификаци, скъолатæ,  сабидæттæ, æнæнизхъахъъæды  объекттæ.  Алцыппæт хъуамæ  саразæм афтæ,  цæмæй   цæрæм  экономиконæй  фидар, сæрибар  рæстаг æмæ Европаг  паддзахады», –   райхъусын кодта   Гиорги Гахариа.