Гиорги Гахариа – Давит Гареджийы фарстайыл  фæдагуырд, ницæмæй  нæ разнаггад кæндзæн  Гуырдзыстон-Азербайджаны  стратегион  партнерадæн
Гиорги Гахариа – Давит Гареджийы фарстайыл фæдагуырд, ницæмæй нæ разнаггад кæндзæн Гуырдзыстон-Азербайджаны стратегион партнерадæн

Нæдæр  фæдагуырды факт, кæцы  æнæхъæнæй  у Гуырдзыстоны  мидæгон  хъуыддаг  æмæ   нæдæр фæдагуырды  фæстиуæгæн   фæбæрæггонд  аууæлттæ,  кæцыты тыххæй нырид  фехъусын кодтам азербайджайнаг коллегæтæн,  нæ  разнаггад кæндзысты  нæ дыууæ бæстæйы  æхсæн  стратегион партнерадæн – уый  фæдыл  Гуырдзыстоны  премьер-министр, Гиорги Гахариа, Гуырдзыстоны хицауады  рабадтыл  райхъусын кодта.

Афтæма йæ ныхæстæм  гæсгæ,  зæгъгæ  Давит Гареджийы  фарстайы политизаци кæнын  абсолютонæй нæрайсгæ у.

«Прокуратурæйы  цæугæ  фæдагуырды тыххæй мæ фæнды   зæгъын, уымæн æмæ  не нцаынц  фарстайы  политизацийы  архайдтæ, кæцы у  бынтон нæрайсгæ.  Алчи нæ  зæрдыл хъуамæ дарæм, цæмæй  фæдагуырд хъуамæ  кæронмæ фæуа æмæ  æрмæст уый фæстæ  рахæссæм кæронбæттæн хатдзæгтæ.Фарста  уый йас  нысаниуæгджын у,  цæмæй   цыфæнды  хуызы политизаци  æмæ политикон   спекуляцитæ ацы фарстайыл   æрмæст знаггадгæнæг  сты  бæстæйæн, уый тыххæй  дæр   абсолютонæй нæрайсгæ æмæ æнæруадзгæ у» –   райхъусын кодта   премьер-министр.

Афæтма  йæ  ныхæстæм гæсгæ,   зæгъгæ Азербайджан  у  Гуырдзыстоны стратегион партнер, афтæ  адарддæр  уыдзæн  цыфæнды  цауы дæр.

«Уымæй  уæлдай ма фæнды зæгъыон, цæмæй нæдæр фæдагуырд райдаыны факт, кæцы  æнæхъæнæй  у Гуырдзыстоны  мидæгон  хъуыддаг  æмæ   нæдæр фæдагуырды  фæстиуæгæн   фæбæрæггонд  аууæлттæ,  кæцыты тыххæй нырид  фехъусын кодтам азербайджайнаг коллегæтæн,  нæ  разнаггад кæндзысты  нæ дыууæ бæстæйы  æхсæн  стратегион партнерадæн. Уый  у  хаххгондæй  банысанкæнинаг. Фæнды  мæ алкæмæн  зæгъын,  цæй ма, фарстайы  политизаци кæнын  нæ нницæмæн хъæуы  бæстæйы  интерестæм гæсгæ» –  фехъусын кодта  Гиорги Гахариа.