Гиорги Гахариа- Давит Гареджийы фарстайæ спекулаци кæнын æмæ этникон фыдзæрæддзинад сцырын кæнын чи архайы, уыдонмæ сидын, тынг арæхстгæйæ уæм ацы темæйыл ныхасы рæстæджы
Уырнæг стæм, демаркацийы фæлгæтты стратегион партнеримæ æмæ æфсымæрон паддзахадимæ ахæм разыдзинадмæ æрцæудзыстæм, цæмæй нымадмæ ист цæудзæн куыд культурон бындариуæг, афтæ нæ аргъуаны интерестæ дæр – уый фæдыл Националон æдасдзинады советы фыццаг рабадты фæуды фæстæ, своеты нымæрдар, МХ министр Гиорги Гахариа райхъусын кодта. Журналисттæ бацымидис кодтой, цæмæй зæгъгæ уыд æви нæ ныхас абоны рабадтыл Давит Гареджийы фарстайы тыххæй.
«Цыдæриддæр та Давит Гареджийы фарстамæ æххæссы, цæй зæгъын æй хъæуы алчи зонæм, цæмæй уый у тынг сенситивон темæ, уый у нæ бындариуæг, постсоветон бындариуæг æмæ арæны демаркаци, куыд гæнæн ис афтæ цыбырдæр æмгъуыдтæм хъуамæ фæуæм.
Иунасынонæй сидын алкæмæ, чидæриддæр архайы ацы темæйæ спекулаци кæнын æмæ этникон фыдзæрæддзинад сцырын кæнын – ацы ныхæстæй æфсæрмы нæ кæндзынæн, тынг арæхстгæйæ уæм ацы темæйыл ныхасы рæстæджы. Уымæн æмæ демаркацийы фæлгæтты, уырнæг стæм, цæмæй стратегион партнеримæ æмæ æфсымæрон паддзахадимæ ахæм разыдзинадмæ æрцæудзыстæм, кæцыйы фæлгæтты, нымадмæ ист цæудзæн куыд культурон бындариуæг, афтæ нæ аргъуаны интерестæ дæр» – райхъусын кодта Гиорги Гахариа.