Гиорги Гахариа Брюсселы  фембæлдис  Михаил Зибертимæ
Гиорги Гахариа Брюсселы фембæлдис Михаил Зибертимæ

Политикон парти  «Гуырдзыстонæны» сæрдар  Гиорги Гахариа  Брюсселы  Евроцæдисы  хурыскæсæн   партнерады, централон  Азийы  регионалон  æмгуыстады, OSCE-ы    æмæ Уæрæсейы  æрдæмадты æххæстгæнæг директор  Михаил  Зибертимæ  фембæлдис.

Партийы пресс-куысты  хъусинагæй,   фембæлдыл  ныхас уыд  Гуырдзыстоны раз уæвæг  быцæусидты  куыд   бæстæйы мидæг, афтæ  фæсарæнты, Гуырдзыстоны Евроцæдисмæ интеграцийы æмæ  йæ  практикон   инструменттыл .

Михаил Зибертимæ  фембæлдыл Гиорги Гахариа  фæныхас кодта парти «Гуырдзыстонæны»   политикон  планты фæдыл, афтæма æркастысты  бæстæйы плангонд  бынæттон   хæдуынаффæйы  æвзæрстытæ. Политикон парти  «Гуырдзыстонæны»  сæрдар Гиорги Гахариа æмæ партийы  политикон советы  уæнг Кахабер  Кемокълидзе  Брюсселы, ныгуылæйнаг  партнертимæ кусæн  фембæлдтæ  уадзынц.

Фембæлдтæ уыдзæн  куыд европарламентартимæ, Евроцæдисы фæсарæн хъуыддæгты æмæ æдасдзинадлы  политикæй  куысты æмæ Европæйы Советы президенты офисы, афтæ НАТО-ы  дæр.