Гиорги Гахариа  Брюсселы  фембæлдис Марина Кальюрандимæ
Гиорги Гахариа Брюсселы фембæлдис Марина Кальюрандимæ

Политикон  парти «Гуырдзыстонæны» сæрдар Гиорги Гахариа  Брюсселы европарламентары  Марина Кальюрандимæ  фембæлдис.  Уый фæдыл  информацийы партийы пресс-куыст  хъусын кæны.

Афтæма сæ информацийæ,  Марина Кальюранд  æмæ Гиорги Гахариа  фембæлдыл  Гуырдзыстоны уæвæг  политикон  процесстæ æмæ æрбаввахсгонд  бынæттон  хæдуынаффæйы  æвзæрстытæ  æркастысты.

«Гиорги Гахариа Марина Кальюрандæн  сæрмагонд политикон плантæ  базонын кодта æмæ йæ  ногарзыт  партийы  фæдыл радзырдта.

Фембæлдыл  политикон  парти  «Гуырдзыстонæны» сæрдар Гиорги Гахариа  æмæ европарламентар  Марина Кальюранд  хъусдард раздæхтой  Гуырдзыстоны  Евроцæдисмæ  интеграцийы нысаниуæгыл.

Политикон  парти  «Гуырдзыстонæны» сæрдар Гиорги Гахариа  æмæ  партийы  политикон   советы уæнг  Кахабер  Кемоклидзе  Брюсселы  ныгуылæйнаг партнертимæ  кусæн  фембæлдтæ уадзынц.  Фембæлдтæ ацæудзæн  куыд европарламентартимæ,  Евроцæдисы фæсарæн хъуыддæгты æмæ æдасдзинадыл  политикæй  куысты æмæ Европæйы Советы президенты офисы, афтæ НАТО-ы  дæр.