Гиорги Гахариа – Бæрнон хицауады  рард у, цæмæй  чысыл бæстæмæ цы ресурс ис, уый максималонæй рæстаг райуара, æнæмæнгхъæугæ кæмæн уыдзæн уыдонæн
Гиорги Гахариа – Бæрнон хицауады рард у, цæмæй чысыл бæстæмæ цы ресурс ис, уый максималонæй рæстаг райуара, æнæмæнгхъæугæ кæмæн уыдзæн уыдонæн

Гуырдзыстоны  премьер-министр, Гиорги Гахариайы  фидиуæнæй,  зæгъгæ пандемийы  уавæрты  фыццаг  цæф  райста туризм, дыккаг та  хъæууон хæдзарады  сферæ.

Фæнысангондмæ гæсгæ,   премьер-министр  Гиорги Гахариа  Никозы  хъæуы Шида Картлийы  регионы  фермертимæ фембæлдыл фæныхас кодта.

«Куы ахицæн кодтам, цæмæй  хъæууон хæдзарад  хъуамæ  суыдаит фадыг, кæцыйæн æнæмæнгæй  хъуамæ баххуыс кæнæм,  уæд  уый  æнцонæмбарæн уыд.  Туризм  фыццаг  цæф райста,  дыккаг цæф та  уыдис –  хъæууон хæдзарадыл, уымæн  æмæ  хъæууон хæдзарады  пълангонд цы уыд,  фæткъуыйы тыллæг, æхсæр,  сæнæфсир, сæн, джитри, пъамидортæ, уый æппæт нымад уыдис туристтыл, кæцыйæн æрцæуын фадат нæй.  Æмбарæм цæмæй  хъæууон хæдзарад  у фадыг,  кæцыйæн баххуыс кæнын  æнæмæнгхъæугæ у   экономиконæй æмæ,  кæй зæгъын æй хъæуы,  фермерæн  æххуыс  ацытæккæ  хъæуы, уымæн  нæхи бавæрæм,  æмæ иу  афæдзмæ,  алцыппæт куы сæндидздзæнис, нæ формæ  ма  фесафæм  æмæ  уæм цæттæ», –   банысан кодта Гиорги Гахариа.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,  зæгъгæ  хъæууон  хæдзарадæн  æххуысы  бюджет  хæццæ  кæны  300  милуанмæ.

«Æмбарын, цæмæй ноджы  фылдæр  бахъæудзæн, фæлæ  хицауады æмæ  бæрнон  хицауады  рард у  тынг æнцонæмбарæн,  уый,  цæмæй  уыцы ресурс,  кæцы  чысыл бæстæмæ  ис, мæллæг экономикæйæ, максималонæй   рæстаг райуара  алы  уыцы  адæймагæн,  кæмæндæриддæр уый æнæмæнæгхъæугæ у.  Тынг хорз æмбарын,  цæмæй  300  милуан нæ фæлæ,  600  милуан дæр ис гæнæн æмæ нæ бахъæуа,  æмæ уымæй  дæр сфæлхас кæндзыстæм,  фæлæ абон  уый  у  уыцы минимум,   цæй  саразын дæр у нæ бон  æмæ кæцы  нын,  гæнæн ис,  ратта   фадат,  нæхи бавæрын, адарддæр кæнын куыст æмæ нæхи бацæттæ кæнын   хуыздæр периодмæ», – райхъусын кодта Гиорги Гахариа.