Гиорги Гахариа  Андерс Фог Расмусенæн, Гуырдзыстоны евроатлантикон  тырнынадæн фарсхæцыны  тыххæй  раарфæ кодта
Гиорги Гахариа Андерс Фог Расмусенæн, Гуырдзыстоны евроатлантикон тырнынадæн фарсхæцыны тыххæй раарфæ кодта

Гуырдзыстоны  европаг æмæ Евроатлантикон  интеграци  гуырдзиаг адæмы  барæвзар у  æмæ нæ  хицауад  ацы  къурсы æмзæрдæ у, –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа, НАТО-йы раздæры генералон нымæрдар  Андерс Фог Расмусенимæ  фембæлды  рæстæджы райхъусын кодта.

Расмусенæн, кæцы  Тбилисы уæвы экономикон политикæйы  иртасаг центры æмæ Маккейны  институты  организацигонд  радæй  фæндзæм  æхсæнадæмон конференцийы фæлгæтты,  хицауады  сæргълæууæг   раарфæ кодта  Гуырдзыстоны  Европаг æмæ евроатлантикон    тырнынадæн фарс рахæцыны  тыххæй.

Премьер-министры  пресс-куысты информацийæ,    ныхас  ахæссыд, цæгатататлантикъон  альянсимæ æндæр æмæ æндæр   æрдæм  фæстиуæгджын  æмкуысткæнынадмæ, сæ  нымæцы  Гуырдзыстоны хъахъъхæнынады  тыхты   æмбынатиндзинад сбæрзонддæр кæнынмæ æмæ  бæстæйы  хæдиргъæфхъомад  фæтыхджындæр кæныны æрдæм  иумæйаг тыхархайдмæ.

НАТО-йы раздæры генералон нымæрдар,   Гуырдзыстоны æнтыстытæн  æвæрццаг аргъ скодта  æмæ банысан кодта, цæмæй   фидæны дæр   йæ фарс хæцдзæн  Гуырдзыстонæн  цæгат-атлантикон  интеграцийы  процессы.

Фембæлды рæстæджы,  хъусдард здæхт æрцыд   регионы  æдадсзинады  æрдгæй  уæвæг   уавæрмæ  æмæ  оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл сырæзт уæззау гуманитарон уавæрмæ. Премьер-министр   конфликты  сабырадон фæндагæй  аскуыдздаг кæныны æмæ сабырадон   политикæйы  Гуырдзыстоны  хицауады   æмзæрдæ ахаст ноджы иу хатт сбæлвырд кодта.

Андерс Фог Расмусен  Гиорги Гахариайæн   премьер-министры  пост бацахсын  раарфæ кодта æмæ йын  йæ  куыcты  æнтыстытæ ракуывдта.