Гиорги Гахариа -  алцыппæт хъуамæ саразæм цæмæй, пандемийæ расайгæ глобалон экономикон  кризисæй рацæуæм
Гиорги Гахариа - алцыппæт хъуамæ саразæм цæмæй, пандемийæ расайгæ глобалон экономикон кризисæй рацæуæм

Нæ  бæстæйы  этникон бирæгъуызондзинад, цæй  зæгъын æй хъæуы,  у  нæ тых. Нæ регионы – Кавказы  этникон  бирæгъуызондзинад у нæ тых,  Гуырдзыстоны  кæддæриддæр уый  хъом  уыдыстæм æмæ фидæны дæр уыдзæн  нæ бон, цæмæй   æнцад уавæры,   сабырæй  алчи иумæ  кусæм  ацы бæстæйы  фарнæн, цæмæй  нæ  бæстæ ноджы  тыхджындæр суа, – уый фæдыл  Гуырдзыстоны  премьер-министр, Гиорги Гахариа  Ахалкалак æмæ  Ниноцъминдайы  «Гуырдзиаг Бæллиццы»  мажоритар депутаттæм  кандидат, Самвел  Манукяны  бавдисыны рæстæджы, Ахалкалакы  райхъусын кодта.

Премьер-министр   бахахх  кодта,  цæмæй   хицауадæн сæйраг нысан у, аккаг  куыстбынæттæ  сæвзæрын кæнын Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн, цæмæй  зæгъгæ сæ бон уа  аккаг куыстæй  дарой  сæ бинонты.

«Сегасдæр ахсджиаг  у  уый цæмæй алцыппæт саразæм   дарддæры   цыппар азы  дæргъы,  цырдæй хъуамæ рацæуæм  ацы экономикон кризисæй, кæцы пандемийы фæстиуæгæн сырæзт  æмæ глобалон у.  Тынг дзæбæх  цæуæм, хъуамæ  æххæст кæнæм  уагæвæрдтæ æмæ   алцыппæт саразæм уый тыххæй  цæмæй   куыстбынæттæ  сæндидзын кæнæм  куыд гæнæн ис  афтæ тагъд. Уый тыххæй  нæ  хъæуы  уæлахиздзинад  æмæ ацы уæлахиздзинад нæ  хъæуы  31 октябры.  Ацы уæлахиздзинад æрмæст «Гуырдзиаг Бæллиццы»  уæлахиздзинад нæ уыдзæн, уый уыдзæн  æппæт Гуырдзыстоны  уæлахиздзинад, уыдзæн Ахалкалакы   уæлахиздзинад  æмæ уыдзæн  нæ иумæйаг сабыр, æнтыстджын  фидæны  уæлахиздзинад» –  банысан кодта  Гиорги Гахариа.