Гиорги Гахариа – Алчи хъуамæ æрсабыр уæм, стæй та равзарæм кæм æмæ нæ чи фæрæдыди уый

Дуртæ  æхсгæйæ  фæндаг ссарæн   нæй –  уый  фæдыл  мидхъуыддæгты министр, Гиорги Гахариа  Панкисы   акцийы  хайадисджытимæ фембæлды  фæстæ райхъусын кодта.

Фембæлды фæстæ  Гахариа  куыд  банысан кодта афтæмæй,   ныр зæгъгæ æнæмнæгхъæугæ у,  алчи дæр æрсабыр уа, раст æмæ  зылынджын та зæгъгæ  фæстæдæр   рабæрæг уыдзæн.

«Абон  ничи хъавæм  ам зылынджын  кæнæ расты   агурын,  алчи хъуамæ æрсабыр уæм.  Уый фæстæ   хъуамæ рабæрæг кæнæм  кæм  фæрыд стæм,  чи нæ  фæрæдыд, чи у зылынджын   æмæ афтæ дарддæр.  Абон   асджынтимæ  куыд фæныхас  кодтам   афтæмæй, ерын алчи  нæ  архайдтæ уромæм  æмæ дарддæр кæнæмн диалог.   Кæд исчи закъон фехæлдта,  уæд  ууыл ныхас кæнын хъæуы хицæнæй» – банысан кодта Гиорги Гахариа.

Цыдæриддæр та  ГЭС-ы арæзтадмæ æххæссы,   Гиорги Гахариайы   дзырдæй,   амайджытæ  дарддæр кæнынц   ныхас  бынæттонтимæ.

«ГЭС-ы  аразджытæ  адарддæр кæндзысты сымахимæ ныхас æмæ бынæттон цæрджытæ  цæйимæ  сразы уыдзысты,  уыцы  уынаффæ  æрцæудзæн хаст.  Фæлæ мæ  æцæгæй  дæр фæнды  иу  цыдæр зонат,   дуртæ  æхсгæйæ   фæндаг   никуы  ссардзынæ. Уый тыххæй  дæр ерын алчи хъуамæ æрсабыруæм   цæмæй  саразæм  уый,  кæцы æмбæлон  у не æхсæн æфсымæрдзинадæн, азастытæ  æмæ мах æнусонисторимæ.

Бузныг  дзурын  зондджын адæмæн, кæцытæ нын сæ  хъуыдыты  тыххæй радзырдтой.  Мах та  сын æнхи æрдгæй  зæгхинаг цы  уыдис уый  загхтам. Æввахс  периоды  нæм æрбацæудзысты  æмæ  нын  зæгъдзысты  цы ахицæн кæндзыстæм фæстагмæ  уый» –   райхъусын кодта Гиорги Гахариа.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, уый  æрныхас кодта  уый  фæдыл, цæмæй  ГЭС  арызт æрцæудзæн уæд, кæд æмæ бынæттон   цæрджыты 90  процент разы  уыдзысты  уыйимæ.