Гиорги Гахариа  -  Ахуыр «Аккаг Партнер 2020» никæй ныхмæ у  здæхт, ацы  ахуыртæн сæ нысан у Гуырдзыстоны  иргъæфхъомад фæтыхджын кæнын
Гиорги Гахариа - Ахуыр «Аккаг Партнер 2020» никæй ныхмæ у здæхт, ацы ахуыртæн сæ нысан у Гуырдзыстоны иргъæфхъомад фæтыхджын кæнын

Ахуыр «Аккаг Партнер 2020» никæй ныхмæ у, ацы  ахуыртæ  сты Гуырдзыстоны  иргъæфхъомад фæтыхджын кæнынæн – уый фæдыл  Гуырдзыстоны  премьер-министр, Гиорги Гахариа  бирæнацион  ахуыр, «Аккаг Партнер 2020»-ы  байгомыл дзырдæй ралæуды рæстæджы  райхъусын кодта.

«Алчи хорз æмбарæм уый æмæ   ахæм ахуыртæ нæ  æфсæддæттæн дæттынц  фадат,  аккаг дарой  мундир, уымæн æмæ  дзæбæх хъуамæ æмбарæм уый æмæ Гуырдзыстоны роль глобалон  сабырады,  тыхджынæй тыхджындæр хъуамæ кæна  æмæ æппыфæстаг,  ахæм ахуыртæй,  нæ партнертимæ иумæ æмбынатиндзинад райрæзын кæныны фæрцы хъуамæ  æрхæццæ уæм евро-атлантикон  интеграцимæ. Стыр бузныг  уын  фыццаджы дæр  аккаг службæйы тыххæй.  Бузныг нæ уазджытæн, нæ партнертæн, уымæн æмæ  дзæбæх хъуамæ æмбарæм, цæмæй Гуырдзыстонæн  уый у иттæг нысаниуæгджын, уый у нæ райсом  æмæ уый  у  нæ  евро-атлантикон интеграци. Æппынфæстаг мæ  фæнды  зæгъын, цæмæй   ацы  ахуыртæ  никæй ныхмæ не сты, ацы  ахуыртæ сты Гуырдзыстоны  иргъæфхъомад фæтыхджын кæнынæн æмæ   уый у  Гуырдзыстоны  алы  æфсæддоны æмæ  алы  æмбæстагы хæс.  Ноджы иу хатт  уын  бузныг  аккаг службæ кæныны  тыххæй», – райхъусын кодта Гиорги Гахариа.