Гиорги Гахариа -  æрныхас кодтам, цæмæй  территорион æнæхъæндзинад, кæцыйæн йæ фарс хæцы Сомихыстон,  махæн у иттæг  нысаниуæгджын
Гиорги Гахариа - æрныхас кодтам, цæмæй территорион æнæхъæндзинад, кæцыйæн йæ фарс хæцы Сомихыстон, махæн у иттæг нысаниуæгджын

Сабырдзинад æмæ æнцаддзинад  сты  сегасæй  асхджиагдæр, цæмæй  экономикæйыл  концентрацигонд фарнæн,  фылдæр фадæттæ раттæм нæ  æмбæстæгтæн, –   уый  фæдыл   Гуырдзыстоны премьер-министр, Гиорги Гахариа,  Сомихыстоны перемьер-министр, Никол Пашинянимæ  фембæлды фæстæ, иумæйаг фидиуæнты рæстæджы  банысан кодта.

Гахариайы  дзырдæй,   зæгъгæ Гуырдзыстоны æмæ  Сомихыстоны æхсæн хæлар ахастытæн бирæ æнусон историй ис æмæ ацы  хæлардзинад  хъуамæ  ноджы   фæарфдæр уа  эффективондæр  суа.

Премьер-министры  фидиуæнæй,   Никол Пашинянимæ  фембæлды рæстæджы  æркастысты  базарадон æмæ экономикон   ахастытæ,  афтæдæр фæныхас кодтой   транспорты æмæ  энергохæсджыты   сферæйы  æмкуысткæнынады  нысаниуæгыл.

Гуырдзыстоны премьер-министры дзырдæй,  зæгъгæ сомихаг коллегæимæ фембæлдыл афтæдæр æркастысты  регионалон  фарстатæ,  уый  нымæцы   бахахх кодтой   æхсæнадæмон  платформæйыл  кæрæдзийæн æххуысы нысаниуæг.

«Æрныхас кодтам, цæмæй  территорион æнæхъæндзинад, кæцыйæн йæ фарс хæцы  Сомихыстон,  махæн  критиконæй  нысаниуæгджын у  æмæ уый  тыххæй  бузныг  сын загътам.  Уыцы позитивон ивдтытæ,  кæцытæ нын ис   æхсæнадæмон  платформæтыл фæстаг периоды  кæрæдзийæн фарсхæцыны æрдгæй,   хъуамæ  фæтыхджындæр кæнæм. Стыр бузныг  мæ коллегæйæн  хъарм  фысымдзинады  тыххæй,  æмæ ныфс разæгъин,  цæмæй   абоны фембæлд  суыдзæн ноджы иу  размæ  арызт  къахдзæф,  нæ дыууæ бæстæты  æхсæн   эффективон  æмкуысткæнынад фæарфдæрæн», –   райхъусын кодта Гиорги Гахариа.