Гиорги Гахариа – Æнхъæл куыд уыдыстæм афтæ, фактиконæй дыккаг уылæны процесс идайы, паникæйы бындур нæй, ситуаци æххæстæй контрол кæнæм
Гиорги Гахариа – Æнхъæл куыд уыдыстæм афтæ, фактиконæй дыккаг уылæны процесс идайы, паникæйы бындур нæй, ситуаци æххæстæй контрол кæнæм

Фæстаг бонты  дæргъы, фæбæрæг ис  фæрынчынуæвджыты  нымæцы рæзт.  Абоны 57  æмæ знон 44 цауы нын  комкоммæ  уый амонынц,  цæмæй  бæстæйы  эпидемиологион уавæр  сындæггай ивы, –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны  премьер-министр, Гиорги Гахариа хицауады рабадтыл  райхъусын кодта.

Уый  хаххгондæй банысан кодта,   цæмæй бæстæйы  уавæр контролы дæлбар у.

Гахариайы   дзырдæй,  зæгъгæ  уый тыххæй, цæмæй  вирусимæ тох кæнынæн хицауады стратегий сыххæст уа, бæстæйы бæрæг арæнæвæрдтæ  æрбайсын бахъæузæн.

«Æнхъæл куыд  уыдыстæм дыккаг уылæны фæдыл, афтæмæй  фактиконæй  ацы процесс идайы.  Æнхъæлмæ кастыстæм фæззæгæ æмæ ныр  раст ацы  процесс идайы.  Сæйраг у  уый æмæ, паникæйæн  ницы  бындур ис, уымæн æмæ  æххæстæ  контрол кæнæм  уавæр.  Зондзыстут æй,  эпидемийы  ахæлиуы фыццаг бонæй,  Гуырдзыстоны хицауад  афоныл  æмæ цырдæй   сарызта къахдзæфтæ æмæ ацы  къахдзæфты  иуæй-иу  сегасдæр нысаниуæгджын  æрдæмад  уыд   вирусы  ахæлиуы риск  контрол кæнын, афтæ куыд   социалон-экономикон  æмæ фæнды  политикон царды  адаптаци, иумæйагæй,  вирус контрол кæныны  уавæрты.

Цæвиттонæн  нæ бон  зæгъын у,  цæмæй  эпидемийы  райдайæны  фыццаг  бонты  нæ  æнæнизхъахъхъæды системæ, боны мидæг  150 «PCR» тест.  Абоны уавæрæй æнæнизхъахъхъæды системæйæн йæ бон у, астæуккаг бæрæггæнæнæй,  7-7 мин  тест саразын  æмæ иууыл  тагъд, гæнæн бауыдзæн  10 000 тест ауадзын.  Уавæр æххæстæй  контролы  дæлбар у  æмæ  паникæйæн ницы  бындур ис. Уый тыххæй,  цæмæй  нæ стратеги  –  цырд æндæвдад,  уайтагъд  хос кæнын  æмæ фæрынчынуæвæг  адæймаджы социалон-экономикон  цардмæ  рæхджы  æрыздæхын – сыххæст уа, бæрæг арæнæвæрдтæ  сфидар кæнын бахъæудзæн, ахæмтæ,  кæцытæ  не сты адæймаджы базисон хъæуындзинæдтæ» – райхъусын кодта Гиорги Гахариа.