Гиорги Гахариа -  æнæнизхъахъхъæды системæ, абон æххæстæй цæттæ у, Гуырдзыстоны короновирусы  фæбæрæгы цауы, ацы быцæусидтæн æмбæлонæй  эффективон  сдзуапп кæнын
Гиорги Гахариа - æнæнизхъахъхъæды системæ, абон æххæстæй цæттæ у, Гуырдзыстоны короновирусы фæбæрæгы цауы, ацы быцæусидтæн æмбæлонæй эффективон сдзуапп кæнын

Гуырдзыстоны  премьер-министр  Гиорги Гахариа   хицауады  абоны  рабадтыл  короновирусы   превенцийы   нысанæй,  æнæнизхъахъхъæды  министрады  арызт къахдзæфтыл фæныхас кодта.

Гахариайы  дзырдæй,    æнæнизхъахъхъæды министрад   у  координацигæнæг  оргæн.  Премьер   æмбæлон  уагдонæй  æрдомтта фæнысангонд  æрдæм  архæйдтæ  æххæстææй  координаци кæнын  æнæнизхъахъхъæды министрадимæ.

«Фæнды мæ   хаххгондæй  банысан кæнын уыцы  бæрæг   æмæ эффективон   къахдзæфтæ,  кæцытæ  æнæнизхъахъхъæды министрад  сарызта   короновирусы  ныхмæ  амæлтты  цæстæнгасæй. Æнæнизхъахъхъæды  министрад у  ацы  æрдæм  координацигæнæг  орган æмæ   æмбæлон  уагдæттæй  курæг дæн,  цы  архæйдтæм бахъавдзысты,   уыдон  сразы  кæнæнт   æнæнизхъахъхъæды министрадимæ.

Фыццаджы дæр райстам скуыддзаг,   кæцы  Китайы  Адæмон Республикæйæ   комкоммæ  авиацион   дыууæрдæм змæлд   рæстæгмæ  бауромын   дары  йæ хъуыдыйы  æмæ   уымæ æмбæлгæйæ,   ай  уыдис   сеппæтæй   архайадон   къахдзæф, кæцы  ныр нæ бон уыд саразын»,- райхъусын кодта Гиорги Гахариа.

Афтæма, Гахариайы  дзырдæй,   зæгъгæ æнæнизхъахъхъæды   системæ, абон æххæстæй   цæттæ у,  Гуырдзыстоны  короновирусы  фæбæрæгы  цауы,  ацы   быцæусидтæн æмбæлонæй  эффективон  дзуапп  скæнын.

«Æнæнизхъахъхъæды системæ   абон   æххæстæй  цæттæ у,  уыцы  цауы, кæд æмæ  Гуырдзыстоны  рабæрæг уыдзæн   ахæм вирус,  æмбæлонæй   æмæ  эффективонæй   сдзуапп кæнын ацы  быцæусидтæн»,- райхъусын кодта Гиорги Гахариа.