Гиорги Гахариа – æмбарæм, цæмæй   гуырдзиаг  бизнесæн æнæмæнгхъæугæ у  паддзахады  æрдгæй  æххуыс
Гиорги Гахариа – æмбарæм, цæмæй гуырдзиаг бизнесæн æнæмæнгхъæугæ у паддзахады æрдгæй æххуыс

Бизнес  у  экономикæйы  сæйраг тых,  кæцы æвзæрын  кæны  ног   куыст бынæттæ, – уый фæдыл  Гуырдзыстоны премьер-министр   Гиорги Гахариа  бизнесассоциацийы  минæвæрттимæ   фембæлдыл   райхъусын кодта.

Йæ  ныхæстæм гæсгæ, зæгъы  бизнесимæ эффектджын  коммуникаци иттæг нысаниуæгджын у.

«Махæн  критиконæй  нысаниуæгджынæй  у,   уа нын  сеппæтæй   цырд  æмæ  эффектджын  коммуникаци,  кæцыйы фæрцы  бахъом  уыдзыстæм  æмбæлон  дзуапп раттын быцæусидтытæн, кæцытæн дзуапп  абон алчи иумæ хъуамæ  раттæм.

Æмбæрæм,  цæмæй экономикон   рæзынады  æрдгæй  нырма бирæ цыдæр хъуамæ саразæм,   быцæусидтытæ  тынг   бирæ сты,  мæгуырдзинады  æмвæзад  тынг бæрзонд у, æмбарæм, цæмæй   Гуырдзыстоны  бизнесæн æнæмæнгхъæугæ  у  паддзахады  æрдгæй   æххуыс,  цæмæй нæм уа   фидар гуырдзиаг бизнес,  уа нын  куыд гæнæн ис,  афтæ  бирæ гуырдзиаг компанийы,  уымæн, цæмæй  стæй  паддзахад  бафæраза,  рæстæмбисæй,  сындæггай,  бизнесæн бакой  кæна   социалон   бæрн  цы  у  уый», –  райхъусын кодта  Гуырдызстоны  премьер-министр.