Гиорги Гахариа æмæ  NDI-ы  президент, æвзарæнон афæдзы дæргъы  координиргонд æмгуыстады  æнæмæнгдзинадыл фæныхас кодтой
Гиорги Гахариа æмæ NDI-ы президент, æвзарæнон афæдзы дæргъы координиргонд æмгуыстады æнæмæнгдзинадыл фæныхас кодтой

Гуырдзыстоны   «Эндиайы»   куысты  æндæр æмæ æндæр   ардæмадтæ афæлгæстой  Гуырдзыстоны премьер-министр  Гиорги Гахариа  æмæ   «Эндиайы»    президент Дерек  Митчелл хицауады  администрацийы  ацæугæ   фембæлдыл.

Премьер-министры  пресс-куысты   информацийæ,   ныхасы  рæстæджы сæрмагондæй банысан ис  АИШ-Гуырдызстоны стратегион  партнерады  бæрзонд  æмвæзад.  Хъусдард  сцырын ис  бæстæйы  æвзарæнон   афæдзы  дæргъы   координиргонд  æмгуыстады  æнæмæнгхъæуындзинадыл.

Ныхас цыд   бынæттон   хæдуынаффæты æмæ   минæварадон оргæнты   фæтыхджын кæныны   нысаниуæгыл  æмæ  ацы  æрдæм,  Эндиай  цы  куыст ракодта  уыйыл.  Банысан ис,  цæмæй  зæгъгæ нысаниуæгджын у,  ма рцæуа   куысты   конкретон  аспектты   политизаци, уымæн цæмæй,   уый   гæнæн ис   бахъыгдара  уыцы  нысæнттæм æрцæуын,  кæцытыл ориентиргонд у  националон-демокративон  институты  æххуысæй  цæугæ  проекттæ.

Фæрсты  аргълæвæрдæй, зæгъгæ  æвзæрстытæм нысаниуæгджын у  полæризацийы  бæрзонд  æмвæзад фæкаддæр кæнын  æмæ ацы  процессы  алы фарсæн  дæр йехи роль ис.  Премьер  хаххгондæй  банысан кодта, цæмæй  2020  азы   æвзæрстытæ,  афтæ  куыд  2012-азы фæстæ  ацæугæ  алы  æвзæрстытæ,   бæрзонд  æмвæзады  æхсæнадæмон  стандарттæм æмбæлгæйæ  ацæудзысты.