Гиорги Гахариа  æмæ Гуырдзыстоны Индийы  минæвар, Индийы  минæварады байгомы æмæ уæгъдибар базарады бадзырд бафыссыныл бадзырдтæ ауадзыны фарст æркастысты
Гиорги Гахариа æмæ Гуырдзыстоны Индийы минæвар, Индийы минæварады байгомы æмæ уæгъдибар базарады бадзырд бафыссыныл бадзырдтæ ауадзыны фарст æркастысты

Гуырдзыстоны  байгом ис Индийы минæварад  æмæ  дыууæ бæстæйы  æхсæн уæгъдибар  базарадон бадзырд бафыссыныл   интенсивон  бадзырдтæ уадзыны  фарст æркастысты  Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа  æмæ Гуырдзыстоны Индийы республикæы минæвар,  Кашан Ден Дюал фембæлдыл, кæцы  хицауады администрацийы  ацыд  – уый фæдыл  Гуырдзыстоны  премьер-министры  пресс-куысты  ахæлиугонд  информацийы мидæг дзырдæуы.

«Банысанис, ома  æхсызгон у  Индийы  Республикæйы  уынаффæ  Гуырдзыстоны минæварад байгом кæныны  фæдыл, уымæн æмæ дыууæ бæстæйы  æхсæн  ахастытæ   бонæй-бон фылдæр куы  парахат кæнынц.

Сæрмагонд хъусдард  здæхт æрцыд  дыууæ бæстæйы  æхсæн базарадон  æмæ  экономикон  ахастыты  дарддæры  фæарфдæр кæныны æрдæм, кæцыйæн  нысаниуæгджынæй  ахъаз уыдзæн  уæгъдибар базарады фæдыл бадзырд бафыссын.

Индийы  минæвар  сбæлвырд кодта Индийы Республикæйы  цæттæдзинад, бадзырдтæ уæгъдибар базарады бадзырд бафыссыны  фæдыл  интенсивондæр суа.  Нырид  фæцис   нысанæмрастдзинады иртасын  æмæ дыууæ бæстæйы  æхсæн  бадзырдты фыццаг раунд, кæцыйы  фæкуылымпы  кодта  пандеми, æввахс фидæны  аццæудзæн», –  банысангонд у  премьеры  пресс-куысты  информацийы.