Гиорги Гахариа æмæ Азербайджаны экономикæйы министр дыууæфарсон экономикон æмгуыстады  фарстатæ  æркастысты
Гиорги Гахариа æмæ Азербайджаны экономикæйы министр дыууæфарсон экономикон æмгуыстады фарстатæ æркастысты

Гуырдзыстоны  премьер-министр   Гиорги Гахариа   Азербайджаны   Республикæйы экономикæй  министр  Михаил Джабаровимæ  фембæлд.  Гуырдзыстоны премьер-министры  пресс-куысты  информацийæ,   фембæлды   сæйраг  темæ Гуырдзыстон æмæ  Азербайджаны  æхсæн экономикон   æмгуыстады  æвæрццаг  динамикæ æмæ дыууæ бæстæйы   стратегион   партнерады   сæйраг  ардæмадтæ  уыд.

Банысан ис, цæмæй  бæстæты  æхсæн  цырдæй парахат кæны базарад  æмæ дыууæфарсон   инвестицитæ, афтæдæр   æмгуыстад энергетикон  кæлидорты  æрдæм,  логистикæйы  æмæ  транспорты  сферæты.

Премьеры  пресс-куысты  хъусинагæй, зæгъгæ бахахх ис   стратегион   партнерады   нысаниуæг æмæ  дыууæ паддзахады  æхсæн  уæвæг   æмразыдзинады бæрзонд æмвæзад, кæцы  дыууæфарсон   фарстаты  оперативонæй  аскуыддзагы  фадат дæтты.  Афтæдæр банысан ис, цæмæй  æнтыстджын  экономикон  ахастытæ  адарддæр уыдзысты,  транспорты, транзиты, логистикæйы, бастдзинады æмæ энергетикæйы  сферæты  ног   иумæйаг проектты сæххæст кæнын кæй  пълан кæны   уымæ æмбæлгæйæ.

Гуырдзыстоны  премьер-министры пресс-куысты   информацийæ,  Азербайджаны  экономикæйы  министры  Гуырдзыстонмæ визит, Давосы  Дунейы  экономикон форумы  фæлгæтты  Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариайы  æмæ   Азербайджаны  Республикæйы  президент Ильхам Алиевы  фембæлды  дарддæрдзу уыд, кæцыйыл  фарсытæ  дыууæфарсон  экономикон  æмгуыстады  боны фæткы уæвæг  нысаниуæгджын   фарстатæ  æркастысты.