Гиорги Гахариа – Æхсæнадæмон тæрхондон  абон фыццаг хатт  ратдзæн аргъ  2008 азы Уæрæсе-Гуырдзыстоны хæстæн, кæцы хъуамæ суа ног этапæй  бæстæйы деоккупацийы тыххæй тохы
Гиорги Гахариа – Æхсæнадæмон тæрхондон абон фыццаг хатт ратдзæн аргъ 2008 азы Уæрæсе-Гуырдзыстоны хæстæн, кæцы хъуамæ суа ног этапæй бæстæйы деоккупацийы тыххæй тохы

Абон иуæй-иу  сеппæтæй  ахсджиаг бон   у Гуырдзыстоны историйы.  Цалдæр сахатмæ  адæймаджы барты  Европаг  Тæрхондон рахæсдзæн кæронбæттæн уынаффæ   хъуыддагыл «Гуырдзыстон Уæрæсейы ныхмæ» –  уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр  Гиорги Гахариа  хицауады абоны рабадтыл  райхъусын кодта.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ  абон, æхсæнадæмон тæрхондоны æрдгæй   фыццаг хатт æрцæудзæн аргъ лæвæрд  2008 азы  Уæрæсе-Гуырдзыстоны  хæстæн  æмæ уый хъуамæ  суа ног этапæй  бæстæйы  деоккупацийы тыххæй  тохы.

«Ацы уынаффæ  уыдзæн  12 азон  куысты  фæстиуæг  нæ æмбæстæгты, юстицийы министрады кусджыты, специалистты æмæ  цæй зæгъын æй хъæуы  алчи уырнæг  стæм, цæмæй   уыдзæн рæстаг уынаффæ. Уымæй  уæлдай  цæмæй   афтæмæй  æфты  нæ  зианбавзарæг  æмбæстæгтæн компенсацийы фадат  æмæ   уымæн бындур арызт цæуы, цæй зæгъын æй хъæуы,  уый ма фылдæр  уыдзæн  бындур сæ интересты дарддæры  хъахъхъæдæн æхсæнадæмон æмвæзадыл.  Алчи  дзæбæх хъуамæ æмбарæм, цæмæй  уый у  2008 азы  хæстæн фыццаг  æхсæнадæмон  тæрхондоны  аргълæвæрд» –  загхта Гахариа.

Уыйимæ иумæ ма,  премьеры аргълæвæрдæй, фæнысангонд  уынаффæ  Гуырдзыстоныл æвæры  уæлæмхас хæс.

«Ацы  уынаффæ  ма  ныл  æвæры  уæлæмхас хæстæ,  куыд  хицауадыл æмæ  алчи хъуамæ æмбарæм  уый цæмæй  æввахс периоды  хъуамæ саразæм  конкретон къахдзæфтæ  æхсæнуагдонон координиргонж  куысты бæстæйы деоккупацийы  æрдæм æмæ ацы хайы  нын ис конкретон план  кæцымæ гæсгæ архайæм æмæ кæцыйы  дзыллæйæн базонгæ  кæндзыстæм  æввахс  периоды. Абон, иууыл ног историйы  у  сеппæтæй  нысаниуæгджын  бон æмæ абон фыццаг хатт æрцæудзæн аргъ лæвæрд  2008 азы  Уæрæсе-Гуырдзыстоны  хæстæн  æмæ уый хъуамæ  суа ног этапæй  бæстæйы  деоккупацийы тыххæй  тохы æмæ суа  ног сигналæй  уый фæдыл, цæмæй  Гуырдзыстоны хицауад  æхсæнуагдонон координацигонд æмвæзадыл  райдайæт деоккупацийы æрдæм  архайын» -райхъусын кодта Гахариа.