Гиорги Гахариа -  Æхсæнадæмон  партнертимæ æмгуыстад нын  иттæг нысаниуæгджын у
Гиорги Гахариа - Æхсæнадæмон партнертимæ æмгуыстад нын иттæг нысаниуæгджын у

Махæн иттæг нысаниуæгджын у  æхсæнадæмон партнертимæ   æмгуыстад, сæрмагондæй  та   реформæтæ ауадзыны  цæстæнгасæй  æмæ  процессы дæр –  уый фæдыл  Гуырдызстоны премьер-министр, Гиорги Гахариа   хицауады  рабадтыл   райхъусын кодта.

Премьер   рабадтыл,  ивгъуыд  къуырийы   Тбилисы   ацæугæ   доннорты   конференцийы тыххæй   фæныхас кодта æмæ   банысан кодта,  форум æнтыстджынæй  кæй  ацыд  уый.

«Махæн иттæг нысаниуæгджын у  æхсæнадæмон партнертимæ   æмгуыстад, сæрмагондæй  та   реформæтæ ауадзыны  цæстæнгасæй  æмæ  процессы дæр. Мах  хицауады   сæйраг  приоритеттæ  сты  цырд экономикон  рæзынад,  куыстбынæттæ,  ахуырады реформæ,  афтæдæр   цæй  зæгъын æй хъæуы   æдадсзинады  сферæ  æмæ    æргом  хицауиуæг.  Ацы  ардæмадты  иууылдæ  сты  ахæм,  кæцыты  деталонæй æркастыстæм  æмæ  æххæст æххуыс  райстам   нæ партнерты  æрдгæй  ацы  сферæты   ауадзгæ  реформæты   цæстæнгасæй»-   загхта  Гиорги Гахариа.

Афтæма, премьер йæ  хъусдард раздæхта   адæймаджы   барты  хъахъхъæды   стратегимæ.

«Хъуыды йæ  кæниккат цæмæй  нæ   хицауады  хъусдарды  центры  2012  азæй  фæстæмæ  уыд   адæймаг  æмæ растдæр  2013  азы  уæды  премьер-министры, Бидзина Иванишвилийы   барамындæй  райдыдта   адæймаджы барты   дæргъвæтин   стратегийыл   куыст,  кæцы  кæронмæ сыххæст  æмæ   алкæцы  реформæйы æрдгæй,   алкæцы реформæ ауадзыны рæстæджы,  адæймаджы барты  стратегийыл уыд  ориентагцигонд  æнæхъæнæй.  Ныр ацы  аз  мах райдайæм  кусын адæймаджы  барты   дæргъвæтин  стратегийы  ног этапыл  кусын» –  райхъусын кодта Гиорги Гахариа.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,   зæгъгæ уый  иумæйаг  куысты  иттæг нысаниуæгджын  формат у,   премьер  æрсидтис  хицауады  уæнгтæм,  сæ  компетенцийы фæлгæтты, активон  хайад райсæт   фæнысангонд  процессы.