Гиорги Гахариа æххуысы  æмæ  æнцойы тыххæй,  Гуырдзыстоны  аккредитацигонд минæвæрттæн раарфæ кодта
Гиорги Гахариа æххуысы æмæ æнцойы тыххæй, Гуырдзыстоны аккредитацигонд минæвæрттæн раарфæ кодта

Кахетæн тынг фæраст ис. Уырдæм куыд туристтæ  фæуазæг сты   нæ   бæстæйы  сегасдæр хуыздæр  хæлæрттæ, нæ минæвæрттæ, – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр  Гиорги Гахариа   Лопотайы  цадыл,  дипломативон корпусы  минæвæрттимæ фембæлдыл   райхъусын кодта.

Премьер-министр   минæвæрттæн бузныг загъта.

«Фыццаджы дæр,   стыр бузныг мæ фæнды  зæгъын  сымах алкæмæн дæр, фыццаджы дæр   ам кæй  стут уый тыххæй, фæлæ  уымæй  уæлдай ма  уыцы æххуысы  тыххæй  кæцы нæм æфтыд нæ  бæстæйы хæлæрттæй.  Алчи хорз хъуамæ æмбарæм, цæмæй  уыцы  уæлахиздзинад,   кæцыйы   хъом стæм, абон  нырма  ис гæнæн  зæгъын, цæмæй Гуырдзыстон   бахъом ис   вирусы фыццаг этап бауромын,  дыккаг этап  фæлæууын кæнын æмæ ныр та  хизæм æртыккаг этапмæ, фæтк дæттын æмæ  адаптацийы  этапмæ, æнтыстджынæй,  уый, кæй зæгъын æй хъæуы, æрмæст Гуырдзыстоны хицауады сгуыхтдзинад нæу. Ацы  хъуыддаджы  стыр хайбавæрд скодтой нæ  æмбæстæгтæ æмæ нæ  хæлæрттæ.  Нæ мæ фæнды искæй   рахицæн кæнын, алчи дзæбæх  зоны  уыцы  æххуысы  тыххæй,  кæцы  нæ бæстæмæ фæхæццæ  ис  сымахæй», –   банысан кодта Гиорги Гахариа.