Гиорги Гахариа -  2021 азы бюджет у балансгонд, кæцыйы нысæнттæ сты пандемийы ныхмæ тох, социалон æххуыс, экономикæ бацæттæ кæнын посткризисон сæндидзынмæ
Гиорги Гахариа - 2021 азы бюджет у балансгонд, кæцыйы нысæнттæ сты пандемийы ныхмæ тох, социалон æххуыс, экономикæ бацæттæ кæнын посткризисон сæндидзынмæ

Гуырдзыстоны  премьер-министр Гиорги Гахариа, хицауады  абоны  рабадтыл  2021 азы  паддзахадон бюджеты  проекты фæдыл фæныхас кодта.

Йæ ныхæстæм æгсгæ,  зæгъгæ бюджет у балансгонд, кæцыйы  сæйраг нысæнттæ сты,  пендемийы ныхмæ тох, цæрджытæн нысанон  социалон æххуыс, бизнесæн æххуыс æмæ  экономикæ бацæттæ кæнын посткризисон сæндидзынæн.

«Зондзыстут  парламентмæ 2021 азы паддзахадон бюджет кæй  бавдыстам, уый, кæцы у  иттæгнысаниуæгджын документ.   Уый  у документ, кæцымæ гæсгæ хъуамæ  цæрæм  2021 азы, финансон документ, кæцытæ  бæрæг кæны  уый, цæмæй   цахæм уыдзæн бæстæ  иу афæдзы фæстæ.  Бюджет у  балансмæ  æмбæлгæ,  кæцыйы  сæйраг нысæнттæ  сты  пандемийы  ныхмæ тох цæрджытæн нысанон  социалон æххуыс, бизнесæн æххуыс æмæ  экономикæ бацæттæ кæнын посткризисон сæндидзынæн. Уый  у  бюджет  кæцыйыл  куыстам  Æхсæнадæмон Валютон фондимæ  иумæ.  Бавдыст у  балансгонд  бюджет, кæцы йæ рагхыгъд кæны   алы  уыцы  сæйраг компонент, кæцытæ  æнæмæнгхъæугæ сты  кризисы,  пандемийы  ныхмæ тохы  æмæ  экономикон кризисæн бафæразнынæн.

Мах райхъусын  кодтам  цæрджытæн социалон нысанон æххуысы æмæ   бизнесæн  æххуысы   дыууæ  уылæны фæдыл, кæцыйы  сæйраг  бæрцуат  у  миллиард  420  милуан,  уыдонæй 2020  азæн бæрæг у  280  милуаны, æрмæст иннæ  миллиард 140 милуан рагхыгъд  у  2021 азы  бюджеты.  Ацы  цифрæты  сæйраг  æрдæмад  у  фыццаджы дæр æнæнизхъахъъхæды сферæйæн æххуыс, фидæн азы  бюджеты уæлæмхасæй  рауæлдай ис  450 милуан лари,  кæцыйы  сæйраг хардзтæ  сты  ковидæн  хоскæнын,  тесттæ, вакцинаци  æмæ вакцинацимæ цæттæдзинад, афтæма  вакцинæты балхæд, кæй зæгъын æй хъæуы,  вирусы  ахæлиу маруадзын.  Нысанон  æххуысæн  фидæн  азы  бююджеты  рауæлдайгонд у  540 милуан, бизнесæн  æххуысæн та 430 милуан лари», – загъта Гиорги Гахариа.