Гиорги Гахариа – 2020 азы бюджет  у  æмбæстæгтыл  ориентацигонд,  сæрмагондæй  та  уыдоныл, кæцытæн хъæуы  хицæн æххуыс
Гиорги Гахариа – 2020 азы бюджет у æмбæстæгтыл ориентацигонд, сæрмагондæй та уыдоныл, кæцытæн хъæуы хицæн æххуыс

2020  азы  бюджет  иунысанонæй  здæхт уыдзæн  нæ  æмбæстæгты домæнтыл,  –  уый фæдыл  Гуырдызстоны   премьер-министр  Гиорги Гахариа   хицауады  рабадтыл  райхъусын кодта.

Премьер   социалон   ифтонгадыл фæныхас кодта  æмæ   загъта, зæгъгæ   паддзахадмæ ис  позитивон   хæсист,  бакой кæна  æхсæнады  сæрмагондæй   цыбыркъух фæлтæрыл.

«Социалон ифтонгады  цæстæнгасæй,  фæнды  мæ  зæгъын,  цæмæй  тынг  хорз æмбарæм уый  цæмæй,  цалынмæ нæ  экономикон рæзынад  æнæмæнгхъæугæ  æмвæзадмæ  не  схиздзæн,  паддзахадмæ  ис  позитивон  хæсист,  бакой  кæна  æхснады сæрмагондæй   цыбыркъух  фæлтæртыл.  Растдæр уый тыххæй   2020 азы  бюджет иунысанонæй  здæхт уыдзæн  не  мбæстæгтæм. Ацы  бюджетмæ гæсгæйæ,   алы  пенсионерæн, афтæдæр фыццаг æмæ дыккаг  къорды  амалхъомдзинад  цух  уæнгтæн,  пенси фæфылдæр уыдзæн   20 ларийæ,  афтæдæр мæ  хаххгондæй  банысан кæнын  фæнды, цæмæй   70  азы  карæй  хистæр  пенсионертæн   сæ пенси  фæуæлдай уыдзæн   30 ларийæ,  уæлхох районты  цæрæг пенсионертæн,  кæцытыл  70  азы сыххæст,  æрвылмæййон пенси  уыдзæн  300  ларийыонг, æххæст мыздлæвæрдæй  кусæг ахуыргæнджытæн сæ мыздтæ  афæдзы дæргъы  фæуæлдай уыдзысты   300  ларийæ.  Мах цалдæр   хатт банысан кодтам  æмæ  афтæдæр мæ фæнды хаххгондæй  зæгъын,  2020 азы бюджет  у  æмбæстæгтыл  ориентацигонд æмæ  сæрмагондæй   та  нæ  æхсæнады  уыцы  фæлтæртыл,   кæцытæн  хъæуы сæрмагонд  æххуыс. Ахæмтæ  сты  сывæллæттæ,    афтæдæр пенсионертæ,  дохтыртæ,  ахуыргæнджытæ, барадхъахъхъæнджытæ  æмæ æфсæддæттæ.   Ацы  азы  бюджетмæ гæсгæйæ, æмбæлонæй  мызды рæзт  уыдзæн  куыд  рæвдауæндæтты  ахуыргæнджытæн,   ææнæаргъæвгæ  медицинон  æххуысы æмæ  хъæуты  кусæг дохтыртæн,  пъæлицæйæгтæн  æмæ  культурæйы  архайджытæн», –  райхъусын кодта Гиорги Гахариа.