Гиорги Чъантуриа æмæ йæ хо  Мариам Чъантуриамæ æрфарстмæ  дыккаг  хатт фæсидтысты
Гиорги Чъантуриа æмæ йæ хо Мариам Чъантуриамæ æрфарстмæ дыккаг хатт фæсидтысты

Сосо Кутателадзейы  марындзинады  фæдæвзарæны фæлгæтты  ахст æмæ фæстæдæр ссæрибаргонд   Гиорги Чъантуриа æмæ йæ хо  Мариам Чъантуриамæ æрфарстмæ  дыккаг  хатт фæсидтысты.  Фыццаг Каналы журналисты  информацийæ,  Чъантурийы  æмæ йæ хомæ фæдæвзарæг уагдоны абон æнхъæлмæ кæсынц 17:30 сахатыл.

Адвокат  Александре   Къобаидзейы  аргълæвæрдæй,  фæдагуырд къуыммæ бацыд. Йæ ныхæстæм гæсгæ   прокуратурæйы фæнды, фæдагуырд  тугтæрхоны барады кодексы 108-æм  статийæ  ауадза.

Къобаидзе  куыд дзуры афтæмæй,    хъуыддаджы  фæбæрг сты  гуырысхойаг  аууæлттæ,  сæрмагондæй та уый, æмæ   фæмардуæвæгæн æндæр адæймгæтимæ дæр уыдис конфликт,  фæлæ   адвокаты   ныхæстæм гæсгæ, зылынгæнæг  фарс   ацы æрдæм   нæ кусы зæгъгæ.

Кобаидзе  хъусын кæны, цæмæй  сырдзурæг  фарс  фæдагурыдимæ  æмкуыстдзинадмæ цæттæ у.

Цыдæриддæр та джигулмæ æххæссы,  Руставы  Хъазбегийы  уынгыл   Гиорги Чъантуриайы  хæдзары  джигул  фæцис.   Фæдагурæг  куыд райхъусын кодта афтæмæй,    хæдзарæй  закъоны ныхмæ исты  мигæнæн ист не  æрцыд зæгъгæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ,   ист дзаумæттæ  экпертизæмæ æрцæудзысты æрвыст.

Адвокаты информацийæ,  джигуыл  сабырæй  ацыд,  ист у Гиорги Чъантуриайы  дарæс æмæ  сæрмагонд дзаума. Йæ  фидиуæнæй,   хæдзарæй  дарддæр абон фыццаг  хатт баджигул кодтой  Чъантуриайы  хæдтулгæ дæр.

Адвокат журналисттæн куд расидтис афтæмæй,  Гиорги Чъантуриайы дыккагæй  æрцахсыны гæнæн нæй  зæгъгæ.

 

МХМ-ы  детектив-фæдагурæрг  Нукри  Матуа  фехъсын кодта.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,   хæдзарæй ист  æрцыдысты конкретон  мигæнæнтæ, фæлæ  фæдагуырды интерестæй рацæугæйæ,   йæ бон  сконкрет кæнын нæу  цы  дзаумайы цæуы ныхас.

МХМ-ы детектив-фæдагурæгы ныхæстæм гæсгæ,  цæй зæгъын æй хъæуы   Гиорги Чъантуриайы фатеры  абоны  джигул,  баст у Сосо Кутателадзейы марындзинады хъуыддагимæ.

Тбилисæй  уæлдай,  джигул кæнынц Гиорги Чъантуриайы  хæдзары Руставы.

Тбилисы Мцхетайы уынгыл Чъантуриайы бинойнагы   хæдзармæ бацæуæг  эксперт-криминалисттæ   Фыццаг Каналæн сбæлвырд   кодтой, хæдзары джигул,  тæрхондоны барамынды бындурыл, Сосо Кутателадзейы марындзинады  хъуыддаджы  фæдæвзарæны  фæлгæтты кæй  æххæст кæнынц уый.

Руставы, Хъазбегийы  уынгыл Гиорги Чъантуриайы  хæдзары джигул фыццаг хатт сырæзт 16 январы, адлвокаты информацийæ  ист æрцыдысты   æхсæнгарзы нæмгуытæ.

МХМ=-ы информацийæ,  Сосо Кутателадзейы  марындзинады  равзæрсты  фæлгæтты ахст  Гиорги Чъантуриайы, аххосаг æнæбавдыстæй,  18  январы ссæрибар кодтой.

Руставы Стамбулы базарæй  цы  хонынц, уыцы территорийыл раздæры  депутаты, генерал  Сосо Кутателадзейы   мардæй  ссардтой 15  январы.