Гиги Угулавайы  а.х. Матросовы  ахæстонмæ  аргъæвдтой
Гиги Угулавайы а.х. Матросовы ахæстонмæ аргъæвдтой

«Европаг Гуырдзыстоны»  иуæй-иу  лидер   Гиги Угулавайы   N9  пенитенцион уагдонмæ,   а.х.   Матросовы   ахæстонмæ  аргъæвдтой.  Уый фæдыл   Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн  Угулавайы   адвокат   Бека  Басилаиа  фехъусын кодта.

Угулавайы  ахæстонмæ барадхъахъхъæнджытæ    мидхъуыддæгты  министрадæй  аластой, кæцы  ранмæ  уый, уагдонæй  йæм куы  фæсидтысты, йæхæдæг бацыд.

Гуырдзыстоны Сæйраг Тæрхондон, Гиги Угулавайы  Тбилисы  райрæзты фонды  хъуыддагыл, аххосджыныл банымадта.  Сæйраг Тæрхондон   Угулавайæн  æртæ аз æмæ дыууæ  мæйæ  ахст  стæрхон кодта.

А.х.  фонды  хъуыддагыл Гиги Угулавайæн   паддзахадон зылынгæнæг фарс,   Тбилисы  райрæзты  фондæй  48  милуан ларийы   ныппаплойы  тыххæй  дауу кæны.   Фæнысангонд хъуыддагыл Тбилисы тæрхондон  Гиги Угулавайæн  2018 азы  28  февралы   иу  афæдз æмæ  æртæ  мæйæ  ахст  стæрхон кодта,   фæлæ  ацы  æфхæрд  æндæр хъуыддагыл  нысангонд  æфхæрд  айста. Тæрхоныскуыдыл  Иуыл бæрзонд инстанцийы бахъаст кодта  прокуратурæ.