Гиа Вольский «Патриотты Альянсы»  акцийæн аргълæвæрд кæны
Гиа Вольский «Патриотты Альянсы» акцийæн аргълæвæрд кæны

АИШ-æ  у  нæ сæйраг партнер   æмæ ницæмæй  баст у  Крамеры  кæнæ форумы   æндæр  уагахаст кæнæ фидиуæнтимæ –  уый фæдыл  парламентон фылдæрты  лидер, Гиа Вольски «Патриотты Альянс»  АИШ-ы  минæварады  цур арызт акцийы   ныхасы рæстæджы райхъусын кодта.

«Мæ  хъуыдымæ гæсгæ,  ацы  акци  дæр  баст  у  бæрæг  политикъон   мысæнттимæ. Йæ мидисæй  у   знаггадгæнæг  уымæн æмæ нæй  гæнæн  исчи  Крамеры уагахаст, абсолютонæй  æнæмбæлон  у АИШ-имæ сбæттын æмæ  уый  амынд  та  знон  тынг рахатинаг уыд», – райхъусын  кодта Вольский.

«Патриотты Альянс»  Гуырдзыстоны  АИШ-ы минæварады  цур 15   сентябры  протестон акци сарызта.  Оппозицийы минæвæртты  фидиуæнæй, акцийы  аххос  10 сентябры  Тбилисы уагъд  æхсæнадæмон  конференци уыд.  Экономикон политикæ иртасаг  центры æмæ  Маккейны Институты  организгонд  фæндзæм æхсæнадæмон   конференцийыл,  кæцы  Тбилисы  фысымуат «Румсы» ацыд,  «Патриотты Альянсы» иуæй-иу  лидеры,  Гуырдызстоны парламенты  вице-спикер, Ирма Инашвилийы  æмæ Флоридайы æхсæнадæмон  университеты   иртасагы, АИШ-ы  паддзахадон нымæрдары  раздæры æххуысгæнæг Дэвид Крамеры  æхсæн, быцæудзырд сырæзт.