Германийы «Исламы паддзахады» цыппар уæнгы æрцахстой
Германийы «Исламы паддзахады» цыппар уæнгы   æрцахстой

 

Германийы «Исламы паддзахады» цыппар уæнгы   æрцахстой.  Немыцаг медийы   хъусинагæй,   цыппар  гуырысхогонды  цæгат Рейн-Вестфаллийы  спецназ  цалдæр  сахары,   сæ нымæцы Дортмунд  æмæ Ботропы æрцахста.  Уыдоны  азымджын кæнынц, æхсæнадæмон  террористон   организацийы  уæнгдзинады,   афтæдæр марындзинады, æхсæнгарзы æнæзакъонон  хæссын  æм  терактты   организацидзинады  хайады.

Ахæстты  кар  26-æй  29 азы  онг  у. Барадхъахъхъæнджытæ  зылынмæ лæвæрдты  хæдзæртты баджигул кодой.

Фæдæвзарæны хъусинагæй,  зылынмæ лæвæрд уæнгтæ,   2013-2015  азы  онг периоды  Иракъы  уыдысты  æмæ   æндр æмæ æндæр типы  фыдракæнд сæххæст кодтой.

Сæ иу у  Мохаммед  Рафеа Ясин,  уыйы  азымджын кæнынц, 2006-2008 азты   америкаг æфсдддæтты  ныхмæ  терактты   организацидзинад,  афтæдæр сылгоймæгты  æмæ сывæллæтты массон   марындзинады  хайады.