Германийы фæсарæн хъуыддæгты министр – Уæрæсейæ курæг стæм, тыхыбын нæ ма бакæнæт, «Цæгат Къада-2»-ы фæдыл нæ позици фæивæм
Германийы фæсарæн хъуыддæгты министр – Уæрæсейæ курæг стæм, тыхыбын нæ ма бакæнæт, «Цæгат Къада-2»-ы фæдыл нæ позици фæивæм

Германийы   фæсарæн хъуыддæгты министр   ноджы иу  хатт  æрсидтис  Уæрæсемæ, цæмæй  райдайа  Алексей Навальный-ы  фæхъæстæйы  хъуыддагыл фæдагуырд.

Хаико Маассы  дзырдæй,   Германийы   хицауад   ацы  афонмæ  йæхи урæдта  уырыссаг оппозиционеры  æмæ   уырыссаг  газдадзæны « Цæгады къадайы»   кæрæдзиимæ   сбæттын. Дипломаты  дзырдæй,  зæгъгæ  ныфс дары, цæмæй Мæскуыйы  архæйдтæ  Берлины тыхыбын нæ бакæндзысты ацы  позици  ногæй  æркæсын.

Германийы  фæсарæн хъуыддæгты уагдоны къудариуæггæнæг  куыд дзуры  афтæмæй,   зæгъгæ кæд   Уæрæсе  Навальныйы хъуыддагыл  æввахс  бонты   æмбæлгæ  къахдзæфтæ нæ сараздзæн,  уæд Германи   партнертимæ иумæ   сакциты   фарста æркæсдзæн.

Хаико Маасы дзырдæйы,   зæгхгæ кæд Уæрæсей   фæдагуырн  нæ  райдайдзæн, уымæй   уыдзæн ноджы иу бæлвырдгæнæн, цæмæй  ацы фыдракæнды автор у  Уæрæсейы  паддзахад..

Уырыссаг оппозиционер  Алексей Навальныйæн йæ зæрдæ бахъарм 20  августы.  Уыйы сæрыфыццагæй  фæхæццæ куодтой   Омскы  клиникæмæ, стæй та  йæ  Берлинмæ   аластой. Навальный 18  бон  у  комайы ис. Немыцаг эксперттæ   хъуыды  кæнынц,  цæмæй  уырыссаг оппозиционеры «Новичок»-ы  типы буарадæй  фæмаргджын кодтой.