Географионæй  зынвадат хъæуты  æнæаргъæвгæ  медицнон  æххуысы бынæттонты  бацæттæ кæндзысты
Географионæй зынвадат хъæуты æнæаргъæвгæ медицнон æххуысы бынæттонты бацæттæ кæндзысты

Уæлхох  хъæуты,   кæцыты географион  равæрды  тыххæй  тагъд медицинон  æххуысы бригадæтæн  афоныл  бацæуын   зын  кæны,  æнæаргъæвгæ медицинон  æххуысы  æрдæм  бынæттон цæрджытæн лæвæрд æрцæудзæн   специалон къурсытæ,  цæмæй  тагъд медицнон   æххуысы  бриагæдæйы бацæуыны онг,  фыццагон æххуыс  ма байрæджы кæной –  уый фæдыл  Уæлхох  районты райтынгы   националон советы  абоны рабадтыл   фæуынаффæ кодтой,   кæцы  премьер-министр  Мамука Бахтадзейы  сæрдариуæгæй  хицауады  администрацийы  ацыд.

Оккупацигонд  Гуырдзыстоны  территоритæй лигъдæтты,  куысты, æнæниздзинад æмæ социалон хъахъхъæды министр  Давит Сергеенко куыд райъусын кодта афтæмæй,  ацы инновацион  метод зæгъгæ,  аппробиргонд  у  æндæр бæстæты.

«Уыцы  цæрæн рæтты, кæцыты  географион равæрды тыххæй, зынвадат кæнæ та иуæй-иу хатт  бынтон æнæнтысгæ у, афоныл медицинон лæккад фæхæццæ  кæнын,æмæ уыцы  моменты та æнæмæнгхъæугæ  у   фыццаг минутты  æнæаргъæвгæ    медицинон  æххуыс.  Цалдæр адæймаджы сахуыр кндзыстæм, цæмæй  уæдмæ цалынмæ квалифициргонд  медицинон   æххуыс  бахæццæ уа  бынатмæ,    уыдон  баххуыс кæной пациентæн. Хаххгондæй  нысан  кæнын уый  цæмæй  уымæй  нæ  фæхъаджджын уыдзысты медицинон  æххусæй. Фæлæ уыцы факт  цæмæй  квалифициргонд  медицинон  æххуысы бригадæйы  цауы бынатмæ бацæуыны  онг,  фыццаг минутты  бынатыл æххуысхъом уæнгтæ  кæй уыдзæн,  умæй  нысаниуæгджынæй фæфылдæр уыдзæн  уæлхох ран цæрджыты   нымæц æмæ  ахæм хзъæутæн медицинон лæккад  æнцонвадат скæндзæн» –  бынсан кодта Давит Сергеенко.