Генералон  прокуратурæ Ника Мелиайы æрцахсынæн  парламентæй барлæвæрд куры
Генералон прокуратурæ Ника Мелиайы æрцахсынæн парламентæй барлæвæрд куры

Гуырдзыстоны  генералон прокуратурæйы  рæгъмæ рахастой  уагæвæрд Никанор Мелиайы  аххосджындзинады  тыххæй.

Абоны  уагъд брифингыл  куыд загъдæуд афтæмæй,   Гуырдзыстны генералон прокуратурæ æмæ  мидхъуыддæгты  министрады  централон криминалон   полицийы  департамент, уадзы фæдагуырд  2019 азы  20-21   июны,  парламенты раз ацæугæ  акцийыл къордон тыхмидзинады  организацийы,  къухдариуæг кæнын æмæ  уым хайад райсыны  фактыл, Гуырдзыстоны  тугтæрхоны барады  кодексы  225-æм статийæ.

«Фæнысангонд фæдæвзарæны  фæлгæтты,  Гуырдзыстоны парламенты  уæнгы  Никанор Мелиайы  æрдæм рабæрæг ис  тугтæрхоны барады   кодексæй зæрдылдард  фыдракæнды нысæнттæ. Акцийы  цыды рæстæджы  къордон  тыхмидзинады   къуыхдариуæгкæныны  æмæ  уым хайад райсты  тыххæй, Никанор Мелиайы æрдæм,  рахастæуыд  зылынгæнæг  уагæвæрд  Гуырдзыстоны  тугтæрхоны барады   кодексы  225-æм статийы фыццаг æмæ  дыккаг  хæйттæм гæсгæ. Никанор Мелиамæ райсоммæ фæсидтысты Гуырдзыстоны  генералон проуратурæмæ  уымæн аххосаг  бавдисыны нысанæй.   Генералон  прокуратурæ, Гуырдзыстоны  парламенты  регламентмæ æмбæлгæйæ,    ныридæгæн фехъусын кодта  закъондæттæг  органæн парламенты уæнгы  тугтæрхоны барады  дзуаппмæ раттыны  тыххæй, æмæ йæм басидтис, зылынмæ лæвæрды æрдæм ахстæй  æфхæрд æрдомынæн,  барлæвæрд  раттыны  куырдиатæй.

Уымæй дарддæр ма, мидхъуыддæгты министрад  активонæй æххæст кæны уыцы  уæнгты  идентификаци, кæцытæ  20-21  июны   акцийыл  æххсæт кодтой  æргом  тыхми архæйдтæ –  архайдтой  полицийы  кордон  тыхæй   атонын æмæ  парламент   штурмæй  бацахсын,  æндæр æмæ æндæр  мигæнæнтæ  æхстой  барадхъахъхъæнджытыл, физикъонæй сæм быцæу лæууыдысты  æмæ  куынгæ кодтой  хицæн исады  объекттæ.   Фæнысангонд  уæнгты  нысаниуæгджын хай,  нырид  идентифициргонд сты. Æввахс бонты  ист æрцæудзысты æмбæлон мадзæлттæ  се  рдæм  тугтæрхоныбарады  амæлттæ  райдайынæн», – райхъусын кодтой прокуратурæйы.