Гардабаны  наркофыдракæнды тыххæй  фæсарæйнаг æмбæстагы æрцахстой
Гардабаны наркофыдракæнды тыххæй фæсарæйнаг æмбæстагы æрцахстой

Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрады  цкентралон   криминалон   пъæлицæйы  наркотикты æнæзакъонон зилдухы  ныхмæ  тохы  сæйраг  уагдоны  кусджытæ,   оперативон –агурæн мадзæлтты  фæстиуæгæн,  1982 азы  гуырд,  фæсарæйнаг бæстæйы  æмбæстагы, Э.А.-ы  сæрмагондæй  стыр бæрцæй   наркотикон буарады, æнæзакъононæй балхæд-бавæрыны  аххосæй,  Гардабаны  муниципалитеты  æрцахстой.

«Барадхъахъхъæнджытæ, зылынмæ лæвæрды  джигулы  рæстæджы,  «Бупренорфин»- кæм ис  ахæм  наркотикон  фæрæз,  «Субутексы» 220 таблеткæ, бæлвырдгæнæнæй  систой» – хъусын кæнынц   МХМ-ы.

Фæдагуырд  цæуы тугтæрхоны барады  кодексы 260-æм статийы  6-æм хайы  «А»пунктæй, кæцы  йæ хъуыдыйы  дары  стыр  бæрцæй  наркотикон  буарады  балхæд-бавæрын.  Фыдракæнд  æфхæрд цæуы   астæй  20 азы онг кæнæ  нæмгъуыд  ахстæй.