Фыццаг октябрæй Швейцари  Гуырдзыстоны  æдас бæстæты  номхыгъдмæ  бахæсдзæн
Фыццаг октябрæй Швейцари Гуырдзыстоны æдас бæстæты номхыгъдмæ бахæсдзæн

Фыццаг октябрæй Швейцари  Гуырдзыстоны  æдас бæстæты  номхыгъдмæ  бахæсдзæн.   Уый фæдыл  дзырдæуы   Швейцарийы  федералон советы  веб-фарсыл  публикацигонд  фидиуæны.

Фидиуæнмæ гæсгæйæ,  æдас бæстæтæйæ банымады фæстæ,   хиæмбæхсæн  агурæг Гуырдзыстоны æмбæстæгты  фыдыбæстæмæ ырздæхын  зондджын уыдзæн.

Швейцарийы  федералон   совет   нысан кæны, цæмæй  ацы  кæнæ  иннæ  бæстæйы  æдасæй   банымады  сæйраг   критерий у  адæймаджы бартæн цыт, политикъон  стабилондзинад, æнæнизхъахъъхæды  системæ,  афтæдæр евроцæдисы æндæр бæстæты æмæ  ИНО-йы   аргълæвæрдтæ.

Швейцарийы  æрдгæй  æдасæй  нымад  бæстæты номхыгъды афтæдæр  сты   Албани, Бенин, Босниа æмæ Герцговинæ, Буркина-Фасо, Гана, Инди, Косово, Молдовæ, (Днестрыгæронæй цух)  Монголи, Монтенегро, Цæгат Македони, Сенегал æмæ Сербий.

Швейцарийы  федералон советы фидиуæнæй, 2017 азы фæззæгæй   Швейцарийы æмæ   Евроцæдисы  бæстæты хиæмбæхсæн  агурæг  Гуырдзыстоны  æмбæстæгты   нымæц  райрæзтис, кæцы  Шенгены  зонæйы  Гуырдзыстонæн визон режим аивынимæ у баст.

Федералон  совет  нысан кæны, цæмæй   Гуырдзыстоны æдас бæстæйæ  банымад  у  дырыс сиганл, цæмæй  Швейцари, пайда кæны алы  æнæмæнæгхъæугæ  амалæй,  хиæмбæхсæнагурджыты æнæаргумекнтиргонд  аппликациты нымæц фæкаддæр кæнынæн.