Фыццаг  апрелы онг мидтыгъдадты  фæстæмæ тобæ уыдзæн  удæгас музыкæ æххæст кæнын
Фыццаг апрелы онг мидтыгъдадты фæстæмæ тобæ уыдзæн удæгас музыкæ æххæст кæнын

Кусæн уавæрты  инспекцийы  департаменты хистæр  Бека Перадзе  æмбарын кæны, цавæр тобæтæ æрцæудзысты ист  бæстæйы  райсомæй.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,  зæгъгæ координацион  советы уынаффæмæ  æмбæлгæйæ, райсомæй  ист цæуы  æхсæнадон  хæлцады объекттæн архайæг тобæтæ.

«Куыд зонын афтæмæй, абоны  уавæрæй,  мидтыгъдадты  куыстыл тобæ архайы, уый тыххæй  8 мартæй   уыцы тобæ  ивд æрцæудзæн.  Сабат-хуыцаубонæй уæлдай,  сæ куыст  уыдзæн уæгъдибар» –  райхъусын кодта Перадзе.

Бека Перадзейы  æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ,    8 мартæй  афтæдæр   кусын сног кæндзысты  хæххон-курорттыл  уæвæг рæтæн фæндæгтæ.

Перадзе æмбарын кæны, цæмæй сæххæсты  хайы  паддзахад тынг эффективонæй  æххæст кæны  æмæ  дарддæр кæны  мониторинг.

«Æхсæнадон хæлцады  объекттæм гæсгæ сегасдæр  арæх сты  хæлдтытæ, социалон мадзлæлттæ куы аразынц   кæцы у тобæ.  Кæн ахæм мадзал, кæцыйы рæстæджы  иу тыгъдады  æмбырд кæнынц адæм  æмæ  ахæм рæстæджы  бынатыл уæвыны  раæстæг  вæййы стыр»- банысан кодта  Бека Перадзе.

Уыимæ иумæ  Бека Перадзе  æмбыраны кæны, цæмæй мидтыгъдадты  фыццаг  апрелы онг  удæгас музыкæ  æххæст кæныныл уыдзæн тобæ.

«Уымæ нæкæсгæйæ æмæ  мидтыгъдадтæ  гом  кæнынц райсом,  фыццаг апрелы онг  фæстæмæ тобæ уыдзæн  уым удæгас музыкæ æххæст кæнын, уымæн  æмæ  уый æфсонæй  ноджы фылдæр рæзы  мадзæлтты   маштабтæ» – фехъусын кодта Бека Перадзе.