Франк-Вальтер Штайнмайер - Гуырдзыстон  немыцаг туристтæн   тынг химæлвасæг у
Франк-Вальтер Штайнмайер - Гуырдзыстон немыцаг туристтæн тынг химæлвасæг у

Гуырдзыстон  немыцаг туристтæн   тынг химæлвасæг у –  уый фæдыл  Германийы  презилент  Франк-Вальтер Штайнмайер,   райхъусын кодта  Гуырдызстны президент Саломэ Зрабишвилиимæ  фембæлды фæстæ.

Штайнмайер Гуырдзыстон æмæ Германийы  æдадсзинадыл ныхасы рæстæджы  гуырдзиаг-немыцаг  æмкуысткæнынад бахахх кодта  æмæ  банысан кодта, цæмæй  ацы  азтæ тынг æнтыстджын уыдысты.

«Фæныхас кодтам  гуырдзиаг-немыцаг  æмкуысткæнынады  азтыл,  Германи –Гуырдзыстоны  хæлардзинады  афæдз, 2017-2018  азтæ,  кæцытæ  тынг æнтыстджын уыдысты.  Фæнды мæ  бахахх кæнын, уымæн æмæ  фыццаг хатт, разынд  гуырдзиаг-немыцаг хæлардзинады æххæст бонджындзинад. Тынг бирæ автор разындис  афтæдæр,  Франкфурты  чиныджы  æрмукъæйы   контексты. Тынг бирæ   гуырдзиаг   авторы  базыдта  Германи,  афтæдæр æндæр бæстæтæ» – райхъусын кодта   Штайнмайер.

Афтæдæр  йæ  ныхæстæм гæсгæ,   немыцаг газетты æмæ журналты  Гуырдзыстоны  фæдыл  бирæ  информаци ис.

«Практиконæй  алы  газет æмæ  журналы   фыссынц гуырдзиаг литературæйы  тыххæй,  гуырдзиаг культурæйыл,  афтæдæр Сванетмæ  бацы æнхъарæн  кæнæ дæнцæн  Кахеты сæнæфсиртонæнмæ  хуынд. Тынг бирæ   конкретон  деталон  информаци ис  Гуырдзыстоны фæдыл.  Растдæр уыцы  фæстиуæг æрлæууы, ома Гуырдзыстоннемыцаг  туристтæн у  тынг   химæлвасæг æмæ  уырнæг дæн, фидæн азы   райрæздзæн   туристты  нымæц  Гуырдзыстонмæ» –  банысан кодта  Германийы  президент.