Францы сконды баззайыны фарсхæцджыты референдумы уæлахиздзинад, Ног Каледонийы змæстытæ сцырын кодта
Францы сконды баззайыны  фарсхæцджыты  референдумы уæлахиздзинад, Ног Каледонийы змæстытæ  сцырын кодта

Ног Каледонийы,  хæдбардзинады  фæдыл референдумыл Францы  сконды  баззайыны  фарсхæцджыты уæлахиздзинад, змæстытæ  расайдта.

Reuters куыд хъусын кæны афтæмæй,  быцæудзинад сцырын  иу  Ног Каледонийы  хæдбардзинад фарсхæцджыты æмæ ныхмæлæуджыты æхсæн.

Сæйраг сахар Нумеамæ бакодтой æдасдзинады  тыхты уæззау техникæ.

Францы фæсденджыз  территорийыл   Ног Каледонийы   референдум хуыцаубоны 4  ноябры ацыд  æмæ уым æвзæрстгæнджыты  80%-ы райстой  хайад.

Æвзæрстгæнджыты 56% Ног Каледонийы  хæдбардзинады  ныхмæ схъæлæс кодтой, кæцы расайдта  хæдбардзинад фарсхæцджыты  мæстыдзинад кодта æмæ  протестон акцитæ.

Архипелагы  фæдфæдон  деколонизацийы  фæдыл 1998 азы  къухбафыст  бадзырдмæ гæсгæйæ, 2022 азмæ  хæдбардзинады фæдыл ноджы  дыууæ  референдумы ауадзын ис гæнæн.