Францы  Нормандиаг  цыппары саммит  абон ацæудзæн
Францы Нормандиаг цыппары саммит абон ацæудзæн

Æртæазон паузæйы фæстæ  фыццаг хатт,  абон Францы  нормандиаг  цыппары   саммит  ацæудзæн.   Саммиты   хайад исынц,  Германийы  канцлер Ангела  Меркел,  Францы   президент  Эммануэль Макърон,  Украинайы   президент Владимир Зеленский æмæ  Уæрæсейы  президент  Владимир  Путин.  Уый  Уæрæсейы æмæ Украинайы   ногæвзæрст   президенты  фыццаг фембæлд уыдзæн.

Лидерты  фембæлд Елисейы  галуаны   ацæудзæн  æмæ   ахæлиугонд информацийæ,   æртæ сахат аххæсдзæн. Фарсытæ   Минскъы  бадзырды домæнтыл  фæныхас  кæндзысты.

Саммиты  размæ Украинайæн фарсхæцынад равдыста  Лиетувæйы президент. Гитанас Наусэда микроблог «Твиттеры»  фæрцы райхъусын кодта, цæмæй Лиетувæ зæгъгæ,  йæ фарс хæцы  Украинайы   суверенитет  æмæ территорион æнæхъæндзинадæн æмæ æрсидтис  Уæрæсемæ,  сæххæст кæна  Минскъы  бадзырдæй  йæхимæ  цы  хæстæ райста,  уый æппæт.