Францы  57  аздзыд  экстремал  специалон  гæрзтæ цухæй  152  метры   бæрзæнды   арвысхъауæгыл ысхызт
Францы 57 аздзыд экстремал специалон гæрзтæ цухæй 152 метры бæрзæнды арвысхъауæгыл ысхызт

Францы  57  аздзыд  экстремал  специалон  гæрзтæ цухæй  152  метры   бæрзæнды   арвысхъауæгыл ысхызт.  Уый фæдыл   информацийы   хъусын кæны «Ле Паризиен». Францаг  рауагъдады   хъусинагæй,   альпинистр   Ален Робер   арвысхъауæг «Арианы»  æппытфæстаг уæладзыгмæ  сбырыд  æмæ  йæ  уæлхæдзармæ  схызны онг ма  цылдæр метр  баззад  фæлæ  уырдæм ысбырын нал фæцарæхстис  æмæ фæстаг  уæладзыгмæ  рудзынгæй  бахызт.

Арвысхъауæгмæ  схизыны фæстæ, дæлæмæ  æрхизгæйыл  барадхъахъхъæнджытæ амбæлдысты æмæ йæ  пъæлицæй  хайадмæ  аластой.

57 аздзыд  Ален Робер   Францы  æмæ йæ  арæнтæ æддæйæ, номдзыд  у  «Адæймаг хæлварæгы»  номæй.  1994  азы  фæстæ  уый  æхсæнадæмон машстабæй  специалон   гæрзтæ цухæй   130-ы онг   арвысхъауæгы сæрмæ  ысхызтис.   Сæ нымæцы   ис  Дубайийы  «Бурдж Халифа» æмæ Лондоны «Сейлсфорс Тауэр».