Франц у Дунейы Чемпионаты фыццаг финалист (видео)

Æрдæгфинал  бæрзонд темпы  райдыдта æмæ гол баппарыны  фыццаг шанс  16-æм минутыл   фæзынд  Азармæ,  францаг  хъаххъæнджыты рæдыды  фæстæ  пурти   æндæогъы  иварон фæзыгы  куы райста  уæд, фæлæ  йæ  цæф  дыры нæ рауад. Раст фондз  минутмæ  Уго Льорис  диссаджы  сейв  равдыста –   дуæртты æрдæм ныццавдта Альдервайрельд.

Фыццаг таймы   крæонмæ   фондз минуты  ма уыдис,  гол бакъуырыны   шанс  лæвæрд куы æрцыд  Павармæ – ацы хатт  сæрмагонд  балы  аирвæзын кодта Тибо Куртуа.

Матчы  фыццаг гол   51-аг минутыл  сæвзæрд.  Къуымонæй зæбулцæф  пуртийы  размæ фыццаг  фæзындис   Самуэль Умтити, уæлдæфон дуэль рамбылдта  æмæ матчы  фыццаг æмæ иунæг  гол  баппæрста.

Фембæлды  фæуды онг  дыууæдæр  къордмæ уыд  гол баппарыны  цалдæр шанс,  фæлæ   хыгъд  нал авидта –  Франц   дунейы  Чемпионаты  фыццаг  финалист у.  Францы  æндæогъ фæбæрæг уыдзæн  Хорватийы æмæ  Англисы  быцæудзинады.

Рафыссут нæ  уникалон аппликаци   FIFA 2018! Android  iOS

Æмæ  уæм уыдзæн фадат,  оперативонæй   базонат  алы  цымидисон  хабаримæ,   матчыты  бæлвырд  ранывæст, фæстиуджытæ  LIVE-режимæй  æмæ  саразат  уæхи сæрмагонд прогноз!

Матчыты  бæлвырд  ранывæзт  -Дунейы Чемпионат  Фыццаг Къаналыл!