Дунейы Чемпионаты иуæй-иу фаворит, Францы æмбырдгонд, дыккаг туры, Перуйыл фембæлд æмæ йæ минималон хыгъдæй – 1:0 басаста.
Матчы фыццаг æмæ иунæг гол, 34-æм минуты баппæрста Киллиан Мбаппе. Оливье Жируйы цæфы фæстæ рикошеты фæстиуæгæн порти дуæртты æрдæм тахтис, кæцы рæстæджы дæр портийы цур сæвзæрдис Мбаппе æмæ матчы хыгъд бакодта. Фыццаг æрдæджы дыууæдæр æмбырдгондмæ уыдис гол баппарыны реалон шансытæ, фæлæ æмтгæй райсгæйæ францæгтæ бирæ æнтыстджындæр уыдысты.
Бирæ хъавдмæ æнæкæсгæйæ перуйæгтæн хыгъд сæмбæрц кæнын нал бантыст. Хуссар Америкаг æмбырдгондмæ ис 0 баллы.
Райсгæ уæлахиздзинады фæстæ «Уасджытæ» «С» къорды лидертæ сты æмæ плейофы хъазыны бар райстой. Къордон этапы фæстаг туры, Францы æмбырдгонд, Данийы æмбырдгондимæ схæцдзæн.