Фондз паддзахады лидертæ Каспийы денджызы барадон статусы конвенци бафыстой
Хъазахстаны сахар Актауйы Кспийы саммит цæуы. Регионон форумы хаад исынц фондз бæстæйы, Хъазахы, Уæрæсейы, Азербайджаны, Ираны æмæ Туркменийы лидертæ.
Каспийыбылы бæстæты лидертæ Каспийы денджызы барадон статусы конвенци бафыстой. Конвенцимæ гæсгæйæ, Каспийы денджызы доны уæллаг цъар фæстæмæ фæрстæ иуæймаг пайдакæнынады уыдзæн. Денджызы бын æмæ бынты дæттæ та сыхаг паддзахадты æхсæн адих уыдзæн, сæ нымæцы бадзырдмæ гæсгæйæ, æхсæнадæмон барадыл æнцойæ.
Конвенцийы афтæдæр фыст у цæмæй Каспийы денджызы бассейны æнæрегионон тыхты æфсæддон контингенты уæвын æнæруадзгæ у. Конвенцимæ гæсгæйæ, Каспийы денджызыл æдадсзинадыл бæрнон уыдзысты Каспийыбылы фондзы падзахад иууылдæр. Документы банысангонд у, цæмæй наудзогдзинад, кæсагасхын, зонадон иртасæнтæ æмæ хæтæлвæды равæрын, фæрсты æхсæн бадзургæ æгъауæй хъуамæ сæххæстуа.
Уымæй уæлдай ма, масштабон денджызон проектты сыххæсты рæстæджы нымадмæ ист хъуамæ уа экологион фактор, Каспийы денджызы экологион системæйæн зиан æрхæссыны цауы та, бæрн йæхимæ исы алы паддзахад дæр.