Финансты министрады фæдæвзарæг куыст, раргом кодта масштабон фыдгæнæгон схемæ
Финансты министрады фæдæвзарæг куыст, раргом кодта масштабон фыдгæнæгон схемæ

Финансты министрады  фæдæвзарæг  куыст,  масштабон фыдгæнæгон  схемæ раргом  кодта.

Финансты министрады   фæдæвзарæг  куысты  фæдæвзарæг департаменты   хистæры хæдивæг  Михеил Ониани  брифингыл куыд  райхъусын кодта афтæмæй,   фæдæвзарыны  фæлгæтты   раргом ис егъаумасштабон  фыдгæнæгон схемæ  сæрмагондæй  стыр бæрцæй фидтæнтæй  хи аиуварс кæныны  æмæ æнæзакъонон   æфтиагы  легилизацийы  факттыл.

«Гуырдзыстоны  финансты  министрады  фæдæвзарæг  куыст  æххæст кæны   эффективон  мадзæлттæ   æхца-кредитон  системæйы  фыдракæнды превенцийы,  рабæрæгы æмæ  кæрон скæныны  нысанæй. Ахæм архайды  фæлгæтты,   райдыдта фæдæвзарæн  тугтæрхоны барады 9 хъуыддагыл  53  гоймагы  ныхмæ, æмæ байгом æмæ  раргом ис  егъаумасштабон  фыдгæнæгон схемæ  мæнг  фидтонон    документты æрцæттæ-спайдайæ   сæрмагондæй  стыр бæрцæй   фидтонтæй  хиаиуварс кæныны  æмæ   æзæзакъонон æфтиагы   легализацийы  фактытыл.

Уагдон  ацы  этапыл, фæдæвзарæн мадзæлтты фæстиуæгæн,  раргом кодта  æмæ  йæхи аиуварс кодта 100  милуан ларийы онг  мæнг активтæй   спайдайы  фадатæй  æмæ   укымæ æмбæлгæйæ, аирвæзтис  ацы бæрцæй ,  паддзахадон бюджетæн зиан æрхæссынæй» – райхъусын кодта  Михеил Ониани.

Фæдагуырд райдыдта тугтæрхоны  фараст   хъуыддагыл   53  гоймагы  æрдæм,  уыдонæй   38   гоймаг  ахст сты.  Фæдæвзарæны  инфоромацийæ,   дзуаппмæ лæвæрд  уæнгты  фылдæр, æндæр æмæ æндæр компанийы директортæ æмæ бындурæвæрджытæ сты, æрмæст иннæ  хай та –  компаниты  фактон фæткдæтджытæ.

«Интенсивон фæдæвзарæн мадзæлтты  фæстиуæгæн,  фæстаг 3 мæйы  дæргъы,    тугтæрхоны  9  хъуыддагы  фæлгæтты,  сæдæгай   фæдæвзарæн мадзалы, сæ нымæцы   æвдисæнты  рафарстæй,  систæй,  джигулæй,  сусæг фæдæвзарæн  архæйдтытæй æмæ æндæр амæлтты  фæстиуæгæн,   ист æнæфæсайгæ бæлвырдгæнæнты  бындурыл,   тугтæрхоны барадмæ гæсгæ  хъуыддаг рæгъмæ хаст æрцыд  53  гоймагы ныхмæ, сæ нымæцы  абоны уавæрæй,  ахст сты  38  уæнгы.  ДЗуаппмæ лæвæрд  уæнгты фылдæр,  æндæр æмæ æндæр компаниты  директортæ  æмæ  бындурæвæрджытæ  сты, æрмæст иннæ  хай та  сты – компаниты  фæткдæтджытæ.

Фæдæвзарæнæй  фæбæрæг ис, цæмæй  сæрмагондæй  стыр  бæрцæй  æнæзакъонон  æфтиаг райсты æмæ  æнæзакъонон  материалон  пайда  райсты  нысанæй,   зылынмæ лæвæрдтæм, Гуырдзыстоны масштабæй,  æндæр æмæ æндæр  регионты регистрацигонд уыд  компанитæ,   кæцыты  номæй  дæр æххæст кодтой, æнæбайзайрагæй  операцитæ,  кæцы рæстæджы,   уыдон цæттæ кодтой уæлмхас аргъы  фидтонон  хыгъдон-фактурæтæ. Афтæдæр   фидтонон декларациты мæнг бæрæггæнæнтæ бахæссыны  фæндагæй,  сæхицæн æвзæрын кодтой мæнг  активтæ уæлæмхас   аргъы  фидтонты æхсæн.

Фæдагуырды  ацы этапыл  афтæдæр бæрæг у,  цæмæй  уæлдæрбанысангонд  архæйдтыты фæстиуæгæн,  спайдагонд активты   бæрц  дæсгай  милуан лари у.

Фæдæвзарæн мадзæлтты  фæстьиуæгæн, тугтæрхоны барады   процессон  тыхбын бакæныны  мадзалы  æмæ  мулкъы  гæнæн  байст сифтонг кæнынæн,   тæрхондоны  уынаффæйы  бындурыл,  хъодыæвæрд æрцыд  зылынмæлæвæрдты  æмæ  семæ  баст   гоймæгты  змæлгæ-æнæзмæлгæ мулкъ æмæ  банкон хыгъдтæ.  Ист æрцыд  милуан ларийæ  фылдæр  æрмæджы æхца æмæ  стыр бæрцæй  зынаргхъ  згъæртæй  фæлындæнтæ.

Хъуыддагыл дарддæр кæны  интенсивон фæдæвзарæн  ацы  æмæ æндæр   фыдгæнæгон схемæты  хайадисæг гæнæн  зылынджын уæнгты ссарын-раргом  кæныны нысанæй» – райхъусын кодта Михеил Ониани.

«Ам уын хъуын кæнæм,  фæдæвзарæг уагдæтты координацигонд  куысты фæлгæтты,  параллелонæй,  Гуырдызстоны паддзахадон  æдасдзинады  куысты  антикоррупцион  агентады  цæуы  фæдагуырд,  уæлдæрбанысангонд  фыдгæнæгон схемæйы  гæнæн  хайадисæг  хицауадон гæсты  раргом  кæныны нысанæй.   Зæрдылбардаринаг у  уыцы аууæл,   цæмæй УАФ-ы активи таможнæйы  банымады  тыххæй  фидтоны  фидæгæн нæхъуаджы  у   æфтиæгты  куысты  бæрзонд гæсимæ физикъон  контакт, банымад æххæст цæуы  электронон  системæйы фæрцы.  Антикоррупцион   куыст афтæдæр æххæст кæны  хицауадон гæстæн комкоммæ  уыдысты баст  ацы фыдгæнæг схемæйы, æви сæ фыдракæнд  гæнæн баис  сæ кусæн бартæм  уазалзæрдæ  ахасты  фæстиуæгæн.

Афтæма, ТТБЮУ  Леван Самхараулийы   номыл тæрхонон  экспертизæйы бюройы  нысангонд у  нформацион-технологион  æмæ  компьютерон    экспертизæтæ,   кæцыты фæстиуджытæм гæсгæ,  гæнæн  уыдзæн  уынаффæ кæныны  конкретон   хицауадон архайджыты  бæрны тыххæй.

Фæдæвзарæг куыст, ноджы иу  хатт,  хаххгондæй  нысан кæны, цæмæй  завкъоны æххæст  карздзинадæй   æфхæрд æрцæудзæн алы  фыдракæндгæнæг уæнг, кæцы  закъоны ныхмæ архайдæй   нысаниуæгджын заин æрхаста  паддзахадон бюджетæн» – райхъусын кодта финансты министрады ф æдæвзарæг  куысты  фæдæвзарæг департаменты  хистæры  хæдивæг  Михеил Ониани.