Финал. Франц-Хорватий – матчы  анонс
Финал. Франц-Хорватий – матчы анонс

Франц –Хорвати

15 июль. Мæскуы. Стадион  «Лужиники». Матчы райдиан 19:00 сахат

Арбитр: Нестор  Питана (Аргентинæ)

Дунейы  чемпионатыл  ауадзинаг баззад иу  матч –  рабæрæг кæнинаг у  чы  суыдзæн  уæлахиздзау.  Претенденттæ  сты  дыууæ: Хорватий кæнæ Франц.

Францы турниры размæ  нымадтой иуæй-иу  фаоворитæй  æмæ   æмбырдгонд  Дунейы Чемпионатыл  алы матчы  фæстæ   уый  бæлвырд кодта.   Франц фылдæр концентраци арызта   фæстиуæгыл,  критикæ йæ  кодтой   каддæр уынинаг   хъазты  æмæ   парагматизмы  тыххæй,   фæлæ   уымæй  фæстиуæг нæрацæуы  æмæ   финалоон   матчмæ  Дидье Дешамы  фæлтæрд  бал, эмоцион тыхтæй  едзагæй æрхæццæ  ис æмæ йæ  физикъон тыхтæ  дæр  фылдæр хъуамæ  уаид.

Æнæкæсгæ   æвзонг кармæ,   францæгтæм  ис  иу фидар   æмбырдгонд,  кæцыйы  сконды   иттæг хорз  æмиу цæуынц  фæлтæрддзинад æмæ æрыгонон  энергий,   хъахъхъæнджыты  дисциплина  æм  размæбырсджыты  креативондзинад.  Франц  турнирыл  цыппар  матчы  мидæг нæ  ауагъдта  гол,  размæбырсты та,  куы иу  Мбаппе  фесгуыхтис  æмæ куы та  -Гризман.

Хорвати  фаворитты  æхсæн   дистанци   бацыд   дистанцийыл  цыды  процессы.    Аргентинæгты  скуынæг кæныны фæстæ,   ацы  æмбырдгонд    къордон этапыл   схуыдтой  сеппæтæй  хуыздæрæй  æмæ  финалы  претендентæй  дæр. Æмбырдгонд  æцæгæй дæр бахæццæ ис  финалмæ,  фæлæ  ацы  фæндаг  йын тынг  вазыгждын разынд –  æхсæз  уæлæмхас  тайм æмæ  дыууæ  пенальтиты  серий.  Уый тыххæй дæр,  фарсты  бын  лæууы : сфаг  сын  уыдзысты  тыхтæ  Хорваттæм  финалмæ ?

Рафыссут нæ  уникалон аппликаци   FIFA 2018! Android  iOS

Æмæ  уæм уыдзæн фадат,  оперативонæй   базонат  алы  цымидисон  хабаримæ,   матчыты  бæлвырд  ранывæст, фæстиуджытæ  LIVE-режимæй  æмæ  саразат  уæхи сæрмагонд прогноз!

Матчыты  бæлвырд  ранывæзт  -Дунейы Чемпионат  Фыццаг Къаналыл!