Дезинформацийы æмæ фактыты фендæргъуызон кæнын у журналистон ресурс-центры фильм «Рекламæйы эффект Æхсæнадæон Телеуынынадыл», кæцы æрцæттæ ис æнæ æрмæст журналистон стандарттæ ницæмæ даргæйæ, фæлæ ма барадон нормæтæ халгæйæ.
Фильм не æмбæлы иунæг журналистон стандартмæ дæр, уæлдайдæр нæ дæтты дзуапп иунæг фарстæн дæр, кæцытæ æвæрд сты æрцæттæгонд æрмæджы: «Цæмæн фæкъаддæр ис рекламæйæ æфтиаг Фыццаг Къаналыл? Цы роль хъазынц, æхсæныцæуджытæй кæй хонынц уыцы компанитæ? Кæдæм æмæ нæ кæмæ бакæндзæн æхцайы фæд? Уый æппæтмæ ма æфтыд цæуы контекстæй хауд респондентты (Сулхан Саладзе æмæ Анна Нацвлишвили) комемнтаритæ – «æвзæрын кæны коррупцийы серьозон рискъытæ» æмæ «уадзы, рæнхъ цауты, коррупцион бадзырды разаууæл».
Фæнды нæ иунысанонæй райхъусын кæнæм, цæмæй фильмы нæу хаст иуæг факт æмæ/кæнæ бæлвырдгæнæн, кæцы бафидар кодтаит айзæлгæ уæззау аххосæгты.
Нæдæр Анна Нацвлишвили æмбарын кæны, цæмæй «сæвзæрын кодтаит нысаниуæгджын коррупцион рискъытæ”” Æхсæнадон Телеуынынадæн рекламæйы карз арæнæвæрдæй равæрыны барлæвæрд.
Дезинформацийæ хи аиуырдæм кæныны нысанæй, ноджы нæ иу хатт фæнды бахахх кæнæм уыцы ивд, кæцыйыл журналистон ресурс-центр сарызта фильм.
Рæдыды æфтауæг, мæнг информаци у уый, цæмæй Гуырдзыстоны парламеты 2018 азы райдайæны «Уацхæссынады фæдыл» Гуырдзыстоны закъоны 64-æм статимæ – коммерцион рекламæйы æмæ теле-шоппинг равæрыны хицæндзинæдтæ – хаст ивды фæстиуæгæн, Æхсæнадон Телеуынынадæн аивдтой спонсордзинадыл арæнæвæрд æмæ уымæй срасти с хицæн компанитимæ, афтæдæр фæдывæр ис коммерцион рекламæйæн рауæлдайгонд рæстæг æмæ Уацхæссæгмæ лæвæрд æрцыд бар, алы сахаты мидæг 12 минуты бæрц рекламæ ауадзын.
Баздæхæм фактытæм. 2018 азы сæххæст ивдмæ гæсгæйæ, «Æхсæнадон Уацхæссæгы, Æхсæнадон Уацхæссæгы Ачъарайы телеуынынады æмæ радио къаналтыл, æруадзинаг у æрмæст спортивон репортажы, æхсæнадæмон фестивалы/конкурсы, ивхæрсæн алæвæрдты æмæ сериалы спонсордзинад», кæцы йæ хъуыдыйы дары арæнæвæрд, контентмæ æмбæлгæйæ. Уымæй дарддæр ма, «Æхсæнадон Уацхæссæгы, Æхсæнадон Уацхæссæгы Ачъарайы телеуынынады æмæ радио къаналтыл коммерцион рекламæ ауадзын нæй гæнæн улæфты бонты, афтæдæр сегасæй хуыздæр афон – æндæр бонты, спортивон репортажы, æхсæнадæмон фестивалы æмæ конкурсы фæлгæтты, конкурсон программæ райдаыны, хуымæтæг итервалты æмæ фæуды рæстæджы йеддæмæ, æмæ ахæм цауы ” Коммерцион рекламæйы гуырахст алы сахаты мидæг ма хъуамæ уа 3 минутæй (5%-æй) фылдæр, кæцы, никуыд æмбæлы хицæн уацхæссæгæн архайæг регуляцитæм. Фæнысангонд 12 минут, хауынц æрмæстдæр «спортивон репортажы, æхсæнадæмон фестивалы æмæ конкурсы фæлгæтты, конкурсон программа райдаыны, хуымæтæг интервалы æмæ фæуды рæстæджы» коммерцион реклама ауадзынмæ, кæцы рæстæджы дæр «коммерцион рекламæйы гуырахст æхсæв–боны мидæг ма хъуамæ уа 60 минутæй фылдæр, алы сахаты мидæг -12 минутæй (20%-æй) фылдæр“, цæмæй дæр сраст ис сахъат, кæцыйы 2018 азы онг оæвæрд статимæ хаст ивды фæстиуæгæн æругъдтой, æмæ цæй тыххæй дæр сырæзт æнæиу комментари, сæ нымæцы Гуырдзыстоны коммуникациты националон камисы æрдгæй.
Рæдыдмæ æфтауæг у информаци, цæивттон Æхсæнадон Уацхæссæг цалдæр къаналы иугонд у – æртæ телеуынынадон:Фыццаг Къанал, Дыккаг Къанал æмæ Ачаъарайы Æхсæнадон Телеуынынад æмæ æртæ радиокъанал: Радио Эрти, Радио Ори æмæ Ачъарайы Радио.
«Уацхæссынады фæдыл» Гуырдзыстоны закъоны 351 –æм статийы 1-аг хаймæ гæсгæйæ, «1. «Хицауадон барады юридикъон уæнгы тыххæй» Гуырдзыстоны закъоны 5-æм статийы 2-аг пункты «а» дæлпунктыл æнцойæ, арызт цæуы хицауадон барады юридикъон уæнг – Æхсæнадон Уацхæссæджы Ачъарайы телеуынынад æмæ Радио», кæцы уый амонæг у, цæмæй Æхсæнадон Уацхæссæджы Ачъарайы Телеуынынад æмæ Радио барадмæ гæсгæ хицæн уæнг у, ацы статусмæ æмбæлон алы миниуæгæй. Уымæй дарддæр ма фæнысан кæнинаг у, цæмæй Æхсæнадон Телеуынынады бюджеты цифрæ, кæцыйы кой æнæиу хатт уыдис фильмы, йæ хъуыдыйы афтæдæр дары Ачъарайы телеуынынады æмæ радиойы бюджет, кæцы рауæлдайгонд æнæхъæнбюджетæй, æнæкъаддæр 15% у æмæ сбæлвырды цауы, бахыгъд цæуы Æхсæнадон Телеуынынады Ачъарайы телеуынынад æмæ радиойы хыгъдмæ.
Афтæдæр фæнсан кæнинаг у фильмы айзæлгæ ноджы ис æнæраст информаци, цæмæй Æхсæнадон Уацхæссæджы бюджет 2019 азы 59 000 000 лари, кæнæ та 22 000 000 АИШдоллары онг уыд.
Реалондзинад та ахæм у, æмæ бюджетæй рауæлдайгонд æмтгæйон суммæ афтæдæр йæ хъуыдыйы дары Ачъарайы Телеуынынады æмæ радиойы бюджет æмæ Æхсæнадон Уацхæссæджы бюджет 2019 азы уыд 49 470 000 лари, кæцы 2018 азы декабры кæнæ фæнды 2019 азы январы (уæлдайдæр ныр, доллармæ гæсгæ ларийы официалон къурс 2,9121 лари куы у) никуыд уыдаит 22 000 0000 АИШ доллары, фæлæ уыдис æввахсæй-æввахсмæ 18 528 000 АИШ доллар. Уырдгæй рацæугæйæ, цæмæй сæхæдæг фильмы автортæ цифрæты/суммæты хъауджыдæрдзинады кой арæх кæнынц, зæгъæн ис 3,5 милуан АИШ доллары хъауджыдæрдзинад нæй гæнæн чысыл цифрæйæ банымайын. Афтæдæр мæнг у фильмы бавдыст информаци, цæмæй 2014 азæй 2018 азы онг, Æхсæнадон Уацхæссæджы бюджет фæдывæр ис, уымæн æмæ 2014 азы уавæрæй, къаналы бюджет уыдис 31 883 000 лари, кæцы абоны бюджетмæ гæсгæйæ, йæ 50 процент нæу.
Фильмы бынтон æнæконтекстæй у бавдыст Мамука Андгъуладзейы комментари – «Бирæ фарс тис реформæтæ ауадзынмæ гæсгæ». Фыццаджы дæр, зынæмбарæн у, цæмæй баст ацы фарста, фильмы райдайæны бавдыст мæнг информациимæ кæнæ/æмæ цифрæтимæ. Афтæдæр бынтон зынхатæн у, цы фарстытæ æвзæрын кæны Æхсæнадон Уацхæссæджы цæугæ реформæтæ, кæцытæ ацы этапыл фæрыфыццаг æндавынц Телеуынынады техникон/технологион æрдгæй тынг æвзæр уавæр рараст кæнынмæ æмæ амалиуæгон гуырахстытæ этапгай райрæзын кæнын, кæцы, æнæ иу хицауадон уынаффæ, æмбарынгæнæнты æмæ конкретон цифрæтæй æмæ фактытæй уынаффæ кæнын домы.
Фильмы ракой кодтой æхсæнадæмон хыгъдлæвæрдты тыххæй, кæцытæ публикацийæ уайтагъд райстой, Æхсæнадон Уацхæссæджы тызмæг критикæ æмæ протест. Сæрмагондæй бахахх кæнын хъæуы, цæмæй растдæр ацы протесты фæстиуæгæн, æнæиу хатт уыд бынат æхсæнадæмон хыгъдлæвæрды корректир кæнынæн(дæнцæн, АИШ-ы паддзахадон департаменты бакуыст хыгъдлæвæрды цауы).
Абсурдон у фильмы бавдыст комментари, цæвиттон рекламæ ауадзыны хайы сæххæст ивдтытæй исты хуызы зиан райстой регионалон уацхæсджытæ, кæцыйыл æнæаппеляцийæ ныхас кæны Леван Алексишвили, кæцы цыфæнды аргументацийæ æмæ бæлвырдгæнæтæй цухæй зылыныджын кæны Фыццаг Къанал рекламон рæстæгы, фактонæй æнæаргъæй райуæрсты.
«регионты иттæг нысаниуæгджын фæкъаддæрыл» ныхасы рæстæджы æнæмæнгхъæугæ у конкретон цифрæтæй æмæ фактытæй опериркæнын, уымæн æмæ Æхсæнадон Уацхæссæг, бирæ хатт сарызта æмбарынгæнæн, цæмæй регионалон æмæ националон телеуынынадтæ зæгъгæ архайынц æндæр æмæ æндæр базартыл, кæнæ та дзырдæуы, æндæр æм æндæр сегменты рекламæйы заказгæнджытыл. Афтæдæр регионалон æмæ националон телеуынынадтæ нæй гæнæн уой кæрæдзийы конкуренттæ, компаниты æрдгæй рекламон бюджетты райуæрсты, уымæн æмæ закъазгæнæг сывзары контент, кæн аудитори кæнæ/æмæ дарддæр кæны сæрмагонд спецификон маркетингон стратегийæ архайын, кæцыйы регионалон æмæ националон телеуынынадтæ иунысанонæй хъауджыдæргонд позицитыл сты лæууæг.
Мæнгдзинад æмæ дезинформаци у уый, цæвиттон Фыццаг Къаналы спонсорон пакеттæ аслам сты. Пакеты æнхъарæны дзырдæуы спонсорон буæлæмхасæнты ацыды нымæцыл, Леван Алексишвилийы комментарийы мидæг нымад у куыд, рекламæ ауадзыны нымæц. Фæлæ уыцы аргъæй уæй рекламон кампани нæ нысан кæны, цæмæй аслам ауæй ис, уымæн æмæ абон рекламæ зæгъæн ис нал уæй кæны минутгай, фæлæ уæй кæны пакеттæй кæнæ рейтингмæ гæсгæйæ. Фыццаг Къанал исы уыцы хай, цахæм рейтинг дæр ахсы базарыл(цæуылдæр комментари саразын, нæдæр фильмы авторты ферох ис).
Фыццаг Къаналы бæрæг рекламон æфтиæгты æмæ равæрыны фæдыл нформаци æхсæнадон у æмæ рæувадат у Æхсæнадон Телеуынынады официалон веб-фарсыл. Ам хъуамæ банысанæуа, цæмæй зынæмбарæн у фильмы 2014 азы паддзахадон аудиты хатдзæгы уыцы хайы бавдыст, кæцы рекламон тарифты фадыгмæ æххæссыд, уымæн æмæ бавдыст период никуыд нæу релевантон 2018 азы периодимæ, уæлдай дæр уымæн æмæ æнæхъæнæй фильм арызт у закъондæттæн ивдтытыл, кæцыйыл 2014 азы ныхас дæр нæ уыд.
Фильмы автортæ ирониконæй амонынц Уацхæссæг цы æддæ аудиты æрхуыдта уый хатдзæгыл, цæмæй Æхсæнадон Уацхæссæгы менеджмент зæгъгæ нысаниуæгджын фиппаинæгтæ нæ райста. Зæрдылбадарын хъæуы цæмæй «Уацхæссынады фæдыл» Гуырдызстоны закъон Уацхæссæджы æвджиддар советы хæсджын кæны, конкурсы уагæй æрвылазонæй равзара æхсæнадæмонæй нымад хæдлбар аудит, кæцы фæстæдæр ауадзы сгæрст. Кæд фильмы автортæ гуырысхоайгыл нымайынц æвзæрст компанийы бакуыст хатдзæгы, уæд нæ хъуыдымæ гæсгæ, ууыл хъæуы реагир кæнын йæхæдæг компанийы æрдгæй, куыд йæ репутацийы æфхæрæг информацийы ахæлиу. Уый афтæдæр у æвджиддар советмæ басидыны бындур, цæмæй растдæр Æхсæнадæон Уацхæссæджы æвджиддар совет, æндæр функцитимæ иумæ, райсы бюджеты сæххæсты хыгъдлæвæрд, æвзары аудиты асгæрс ауадзынæн æмæ райсы йæ хатдзæг, афтæдæр менеджменты хыгъдлæвæрдтæ æмæ сфидар кæны алы афæдзы бюджет.
Дезинформацийы эффект фæтынгдæр кæнынæн, фильмы æнæиу методæй спайда кодтой, уый нымæцы, æмбæстагон дзыллæйыл амынд, экспертон аргълæвæрдтыл. Дæнцæн, фæскадр тексты – «экспертты хай хъуыды кæны, цæмæй сæххæст закъондæттæг ивдтытæ Уацхæссæджы идея æмæ конститцийы ныхмæ цæуынц», фæсты цæуы æрмæст Æвзонг Юристты сæрдары, Сулхан Саладзейы кмментарий, кæцымæ гæсгæ дæр уый «Фæфиппайдта, цæмæй Æхсæнадон Уацхæссæджы эфиры нырид фæфылдæр ис коммерцион мидис» æмæ «Эфиры фылдæр алæвæрдты цæуынц æвдыст» йæ хъуыдымæ гæсгæ ахæм, «кæцыты спонсордзинад гæнæн ис уа,зæгъæм дæнцæн, дыууæ азы размæ уавæримæ абаргæйæ». Зынæмбарæн у, цæмæн æрцыд уый сæрмагондæй банысангонд, уымæн æмæ спонсордзинад нæ уыд закъонæй уагъд, уымæ æмбæлгæйæ дæр, нæ уыд гæнæн йæ уæвын. Ныр барадмæ гæсгæйæ кæд уый гæнæн ис, спонсорæй æнæбауагъд æмæ лæвæрд фадатæй æнæспайда, уыцы цау, йæхæдæг Сулхан Саладзейы æрдгæй æппæрццаг аргъ ис. Уымæй дарддæр ма, фæнысан кæниинаг у, цæмæй коммерцион æндæвдæдтæй баиргъæвд æнæ æрмæст Æхсæнадон Уацхæссæгы, фæлæ ма кæцы фæнды уацхæссæгы æрдæм бавдыст домæн у æмæ йæхи гъæдæй рекламæйы кæнæ/æмæ спонсордзинады эфиры ауадзын автоматонæй нæ нысан кæны æндавыны фадат. Ацы хайы дæр хъуыды кæнæм, цæмæй хъæуы конкретон фактытæ бавдисын кæнæ/æмæ æркæсын æмæ нæ коммерцион æндавыны теорионæй æруадзын.
Фильмы автортæ радон мæнг информаци хæлиу кæнынц æмæ кæсæгæн æнхъарынц футболы Дунейы Чемпионаты трансляцийы рæстæджы равæрд рекламон рæстæгы бæрцы æмæ æфтиаг равзарын, кæцы афтæдæр, фактыты бæсты, цифрæтæй манипуляцийыл æнцойæвæрд у.
Фильмы иуæй-иу респонденты, «Батумелеби»-йы журналисты интервью хъусын кæны йæ мигъджын амындтæй, «Цæмæй Дунейы Чемпионат цымидисон темæ у,уымæй дарддæр ма, финансон хай дæр, цæй зæгъын æй хъæуы йæхимæ ласы интерес, уымæн æмæ æнцон сфиксир кæнинаг у уыцы момент, цæмæй ам æгæр стыр æхцайы зилдух ис». Махæн зынрахатæн у, цы дары йæ хъуыдыйы журналист, «стыр æхцайы зилдухы» кой куы кæны уæд. Фæлæ банысан кæнинаг у, цæмæй футболы Дунейы Чемпионаты, афтæдæр æндæр кæцы фæнды ставд æхсæнадæмон ерысты равдисыны лицензий, тынг зынаргъ продукт у æмæ ахæм мадзæлтты равдисыны бар райсты Уацхæссæг цы суммæтæ бафыста, уыдон æппæт æвдыст сты æмбæлон хицауадон хыгъдлæвæрдты. Ацы рæстæджы, райхалын хъæуы уыцы информаци, кæцы ракуырдта «Батумелеби»-йы журналист æмæ йæм Уацхæссæгæй лæвæрд æрцыд закъонæй бæрæг бæрцæй æххæстæй. Дзырдæуы футболы Дунейы Чемпионаты трансляцийы рæстæджы, уæй рекламон/спонсорон рæстæджы фæстиуæгæн райсгæ æфтиæгтыл, кæцытæ фæстагмæ йæхæдæг «Батумелеби»-йы журналисты бавдыст конкретон датæйы – 2018 азы 4 июлы уавæрæй, къаналæй йæхæдæг цы бæрæггæнæнтæй райста, уыдон бæрæг манипуляцийы объектæй фестадысты. Ныхас цæуы конкретон бон/датæ кæнæ периоды уавæрæй, фактонæй райсгæ æфтиагыл æмæ контрактæвæрд бадзырдон аргъыл, кæцыйы бафидын гæнæн ис афæдзы кæроны онг уа дих æмæ æвдыст цæуы искæцы конкретон кварталы кæнæ æндæр периоды æфтиагы æмтгæйон суммæйы. Журналистмæ лæвæрд æрцыд уыцы информаци, кæцыйы æркуырдта, уыцы конкретон бадзырд йеддæмæ, кæцы (фильмы куыд дзырдæуы) персоналон информаци нæ фæлæ, æндæр компаниты коммерцион сусæгдзинад хæссы.
Æхсæнадон Уацхæссæг тынг бæрнон у, йæ куысты фæдыл информацийы æргомдзинад æмæ рæувадатдзинады æрдæм, фæлæ рæнхъ цауты хъуыддаг æххæссы, Æхсæнадон Уавцхæссæджы нæ фæлæ ма æндæр компанийы коммерцион сусæгдзинады ахæлиумæ, цæуылдæр тæрхондоны цæугæ иуæй-иу дауы фæлгæтты, Æхсæнадон Уацхæссæджы пайдайæн аскуыдзаг ис æмæ аналогион документтæ тæрхондон нæ банымадта публикаци кæнинаг информацийæ.
Лæвæрд конкретон цауы дæр иттæг нысаниуæгджын у, хъусдард раздахæм уымæ, цæмæй Æхсæнадон Уацхæссæджы бавдыст информаци æмбæлон уыдис куырдиатдæттæгы интересмæ, цæмæй цы бæрцæй рæстæг ауæй ис Дунейы Чемпионаты цыды рæстæджы æмæ цавæр æфтиаг райста æмтгæйонæй Телеуынынад.
Мæнг у афтæдæр информаци, цæмæй Æхсæнадон Уацхæссæг æнæххæстæй кæнæ/æмæ æнæрастæй æвдисы информаци коммуникациты националон камисы æмбæлон аналитикъон веб-порталыл, кæцыйыл мониторинг æмæ цæстдард у йæхæдæг камисы прерогативæ. Бахахх кæнын хъæуы, цæмæй фактыты сфыдуынд кæныныл кæнæ фарста нæзонынадыл амоны уыцы хъуыддаг, æмæ Къаналы рекламон æфтиагыл, суммæты хъауджыдæргонд цифрæтыл кæй цæуы ныхас.
Фыццаг Кханалы кварталы хыгъдлæвæрды дыууæ цифрæ ис, иу – райсгæ æфтиаг, кæцы цæй зæгъын æй хæъуы, æвдыст æрцæудзæн коммуникациты националон камисы æмбæлон аналитикон порталыл, дыккаг – æвæрд рекламон контракттæм гæсгæ æфтиаг, кæцы нæ нысан кæны, ныридæгæн райст æфтиаг æмæ уый кæддæриддæр не мбæлы фактонæй райсгæ æфтиагмæ.
2018 азы 30 июны, дыккаг кварталы кæрон æцæгдæр нæ уыд гæнæн хыгъдмæ бахаст футболы Дунейы Чемпионаты трансляцийы тыххæй,уымæн æмæ лæвæрд лæккады сфыст æххæст цæуы фæдылдзог кæлинадрон мæйы 15-æм бонмæ, æрмæст хыгъдмæ бахаст та, хыгъдфактурæ бавдисынæй, 10 бонмæ. Цыдæриддæр та фильмы бавдыст 16 мин ларимæ æххæссы, уый ист æрцыд,лæккады аргъ нæ фæлæ – куыд аванс, афтæ. Ацы рæстæджы 2018 азы дыккаг кварталы бæрæггæнæн, 16 мин лари авансы йеддæмæ, æххæссыд раззаг азты хæстæ хыгъдмæ бахастмæ дæр æмæ цæугæ спортивон трансляцитæй райст æфтиагмæ, цахæм дæр у УЕФА-ы Чемпионты Лигæ æмæ Зымæджы Олимпиадæ.
Ам банысан кæнинаг у, цæмæй дыккаг кварталы хыгъдлæвæрды детализацигонд у мæйтæм гæсгæ контрактор компанитæ æмæ бадзырдон аргъ. Уыцыы цауы, кæд æмæ авторты рард уыд рекламон æфтиагы анализ, уæд логикон у фарст, цæмæн не спайда кодтой афæдзон хыгъдлæвæрды бæрæггæнтæй, кæцытæ дæттынц æххæст информаци æмæ æвзæрын кæнынц æмбæлон сурæт …Филмы хаст сты æнæраст фактытæ, цæвитонæй компани “Три меди интелиджемсæй” ист информаци “цæстæнгасхасты периды” æхсæнадон уацхæссæгы эфиры, реализгонд законгæнæг ивæндзинæдты онг, коммерцион рекламæ аивадон филмты, “Моамбе” æмæ æндæр ралæвæрдты рæстæджы уыд æвдыст, цæй бар дæр къаналæн нæ уыд. Мах сидæм, цæмæй ацы информаци у гæды. Информацион ралæвæрд “Моамбе” ныр дæр нæ цæуы хицæнгонд рекламæйы бавдысты нысанæй. æхсæнад æмæ афтæ дæр æнæхицпуадон организацийы хъусдардæй нæ бамбæхстаит снысангонд факт, уæлдай дæр та уæд æмæ уый у законæй тобæгонд.
Филмы авторты вæрдмæ та цы хауы, банысаснкнæинаг у, цæмæй хæлд у æмбæхст методты пайдайæ информаци агуырд æмæ ралæвæрды æнæмæнг æркуырдтæ. Филмы автортæй категорионæй курæм сбæлвырд кæной, цæмæй сусæг методты пайдайæ информацийы агуырд нæ уыд. Афтæ дæр æнæрайсгæйæ нымайæм снысыангонд æрмæгы редактирдзинад.