Фейсбук пайдагæнджытæм æрсидтис  парольтæ раивынмæ
Фейсбук пайдагæнджытæм æрсидтис парольтæ раивынмæ

Цалдæр сахаты размæ, Фейсбук,  социалон  хызагæй  пайдагæнджыты сæрмагонд  анкетæтæй  автоматонæй раддæдуар кодта.  Сæ фылдæрæн   бæрæг æмгъуыдæй,   социалон хызамæ баздæхын сæ бон  нал уыд.

Хæлды  фæдыл хъусинæгтæ фæзындис сайт   Downdetector.com-ыл дæр, кæцыйы  бæрæггæнæнтæм гæсгæ,  пайдагæнджытæн проблемæтæ  сæрмагондæй  Европæйы   масштабæй  уыд.

Картæйыл  Гуырдзыстон банысангонд у  бургъуызæй, кæцы  уый  амоны ома, проблемæтæ  социалон хызагæй  гуырдзиаг   пайдагæнджытæм дæр баххæссыдысты.

Фейсбукы  минæвæрттæ  официалонæй  нæ  райхæлдтой   проблемæйы аххос, æрмæст дзы  пайдагæнджытæм æрсидтысты, æдасдзинады   нысанæй   сæ парольтæ  ранæуæг  кæной.  Социалон хызаг, сырæзт  æнæмбаргæдзиады  тыххæй   пайдагæнджытæй   хатыр куры.