Федерика Моггерини - «Скæсæн Партнерад» райтынг кæнынæн, фылдæр саразын хъæуы
Федерика Моггерини - «Скæсæн Партнерад» райтынг кæнынæн, фылдæр саразын хъæуы

«Скæсæн Партнерад»   райтынг кæнынæн,   фылдæр саразын хъæуы –  ахæм фидиуæн  Люксембургы уагъд Евроцæдисы  фæсарæн хъуыддæгты министериалы  фæстæ, Евроцæдисы   æддагполитикъон уагдоны   къухдариуæггæнæг, Федерика Моггерини  сарызта.

Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ,    зæгъгæ  министртæ абон   ноджы иу  хатт æркастысты  «Скæсæн Партнерады»  уæнг  паддзахадты æнтыстытæ  æмæ бахахх кодтой  уыцы   куыст,  кæцы  нырма  саразинаг у.

«Министртимæ  иумæ  æркастыстæм «Скæсæн партнерады»  юбилейон  мадзæлттæ,  кæцытæ зæрдæвæрæны  Брюсселы   ацæудзысты. Сæ нымæцы уыдзæн    министрты  фембæлд «Скæсæн Партнерады»  программæйы  хайадисæг æхсæз бæстæйы  минæвæрттимæ. Абон афæлгæстам  алы æнтыст æмæ  позитивон райтынг,  кæцы  ис  партнер бæстæты афтæдæр æруынаффæ кодтам  уыцы  куыстытыл   кæцы  нырма  саразын хъæуы. 4-5  азы  дæргъы   мах нысаниуæгджын    прогрессмæ æрцыдыстæм  бирæ  сферæты.   Сæ нымæцы   визон режимы фæмацы æмæ адæймæгты  æхсæн  контактты   æрфидар æмæ рапарахат кæнын.  Афтæма  базарад, экономикон   инвестицитæ.  Бæрæг у  цæмæй  фылдæр саразын  хъæуы, уый нымæцы   хорз  хицауиуæг  райтынг кæнынæн,  коррупциимæ тохы фæактивондæр кæнын æмæ   барады  сæйрагдзинад фæфидардæр кæнын.   Уый  æппæт сараздзыстæм нæ партнертимæ иумæ. Уынын цæмæй  сæ  алкæцы дæр архайы  Евроцæдисимæ æрыввахс уын  æмæ мах  бабыхсдзыстæм, цæмæй  сæ тырнынадыл æмбæлон  энтузиазмæй   амбæлæм» –  райхъусын кодта Федерика Моггерини.