Федерика Моггерини -  райгонд дæн Гуырдзыстоны хицауадимæ æмгуыстадæй,  уынын  цы куыст цæуы реформæты æрдгæй
Федерика Моггерини - райгонд дæн Гуырдзыстоны хицауадимæ æмгуыстадæй, уынын цы куыст цæуы реформæты æрдгæй

Гуырдзыстон  у    аргъ кæмæн нæй  ахæм  æмæ æмзæрдæ  партнер  Евроцæдисæн –  уый фæдыл   Евроцæдисы иуыл бæрзонд  минæвар  Федерика Моггерини, Гуырдзыстон-Евроцæдисы   ассоциацидзинады  советы  рабадты  фæуды фæстæ  райхъусын кодта.

Моггерини куыд банысан кодта афтæмæй,   сырæзт  тынг дæргъвæтин  æмæ позитивон фембæлд, кæцыйыл ныхас цыд  æмкуысткæнынад æмæ партрнерадыл.

«Уыдис нын  тынг дæргъвæтин   æмæ позитивон фембæлд.  Иттæг æнтстджын  скæсæн  партнерады   самиты фæстæ,  мах æруынаффæ кодтам   нæ дзæбæх æмгуыстадыл   æмæ  партнерадыл.  Нæ хæлардзинад   тынг  æвæрццаг фæстиуæг æрхаста.   Уый бæрæг у  визалиберализацийæ дæр.  Мæ зæрдыл лæууы,  ивгъуыд азы  ам лæууыдыстæм  æмæ  уынаффæ кодтам   визалиберализацийыл.  Уырны нæ, цæмæй  Евроцæдисы  æмæ Гуырдызстоны  æмбæстæгты æхсæн ахастытæ  арфдæр кæнынц.  Фæнды мæ  зæгъын цмæй  Евроцæдис цæттæ у  æххæстæй спайда кæна  нæ  хæларады   потенциалæй.  Райгонд дæн  Гуырдзыстоны  хицауадимæ æмкуысткæнынадæй. Æз уынын   уæ  куыст  реформæтыл,  кæцыйы хатут  æххуыс. Нæ нысан у,  цæмæй Гуырдзыстоны  уа  стабилондзинад. Женевæйы  бадзырдтæ æмæ евроцæдисы мониторингы  къорд  растдæр  ацы нысанæй  сты.  Аргъ кæнын  уæ  реформæтæн æмæ политикæйæн.   Сæдæ минæй фылдæр  адæймаг бахызт Шенгены зонæмæ.  Гуырдзыстоны хицауад сарызта алцыппæт  уый тыххæй.  Ай у  цардæн  нысаниуæгджын  нæ  туризмæн,  кæрæдзиимæ базонгæйы тыххæй.   Дыккаг мах  уынæм гуырдзиаг продукттæ Европæйы. Мах стæм Гуырдзыстонæн  номыр фыццаг  базарадон партнер. 37%  райрæзтис  Гуырдзыстоны  экспорт.   Æртыккаг – ноджы фылдæр фæарфдæр уа  нæ æмкуысткæнынад,  æхсæнадæмон бастдзинад.  Алцыппæтæй сæйрагдр у ай.  Ис нын амбицион   боны фæтк  фидæн азмæ.  Гырдзыстон у аргъ кæмæн  ахæм æмæ  иузæрдлыг партнер  Евроцæдисæн» – райхъусын кодта Могерини.