Федерика Моггерини - АИШ-æ, Иранимæ атомон бадзырдæй кæй фæхицæн ис уымæй, ацы бадзырды аивын йæ бон нæу
Федерика Моггерини  - АИШ-æ, Иранимæ атомон бадзырдæй  кæй  фæхицæн ис уымæй, ацы  бадзырды  аивын йæ бон нæу

Евроцæдис цæттæ у, Иранимæ  атомон   бадзырды   хъахъхъæдад  срæвдз кæна,   æнæкæсгæ  уымæ, цæмæй  АИШ-ы  президент  Дональд Трамп, фæнысангонд  бадзырдæй  рацыд –  ацы  фидиуæны  æддæ политикæ æмæ   æдадзсинады фарстыты   Евроцæдисы   иуыл бæрзонд  минæвар  Федерика Моггерини  сарызта.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, АИШ-æ, бадзырдæй  кæй  фæхицæн ис уымæй, ацы  бадзырды  аивын йæ бон нæу.

«Ай  у  дыууæфарсон бадзырд,  ИНО-йы  æдасдзинады  советы  резолюци  æмæ  уый  æппæт  дунейы  сæрмагонд у» –  загхта Федерика Моггерини.

15 майы  Брюсселы  Британийы, Францы, Германийы æмæ Ираны  фæсарæн хъуыддæгты  мнистрты  фембæлд ацæудзæн. Сæ  уынаффæйы сæйраг  темæ уыдзæн  Иранимæ  атомон  бадзырды  фидæн.