«Файнешенл таймс» -АИШ æмæ Гуырдызстоны æхсæн сæрибар базарады рæстæг у
«Файнешенл таймс» -АИШ æмæ Гуырдызстоны æхсæн сæрибар базарады рæстæг у

«Файнешенл таймс» -АИШ æмæ Гуырдызстоны æхсæн сæрибар базарады рæстæг у

«АИШ æмæ Гуырдызстоны æхсæн сæрибар базарады рæстæг у» – ахæм номхуындæй статья Файнешенл таймс парахат кæны.

Статьяйы автор централон Флоридайы Университеты профессор Джеймс Бакус у. Бакус АИШ-ы конгрессы экс-уæнг у. Афтæ дæр уый дунейы базарады организацийы апеляцион советы къухдариуæг дæр у.

Статьяйы Джеймс Бакус сиды АИШ-мæ фæтыхджын кæна фасрылхæцындзинад критикон рæстæджы -Сау денджыз æмæ Персийы бакæлæны уæвæг бæстæтимæ.

Автор фыссы, цæмæй АИШ позитивонæй хъуамæ ратта дзуапп Гуырдызстоны хъуыдиатыл, райдайа бадзырдтæ сæрибар базарады бадзырды фæдыл, уымæн æмæ ис куыд стратегион æмæ коммерцион, афтæ дæр моралон бындур.

Авторы раисдæнмæ гæсгæ, Гуырдзыстон стратегионæй нысаниуæгджын бынатуæвæн ис. Уый ныгуылæн æмæ сæксæны æхсæн ис æмæ хæдбардзинады сногы фæстæ алы хатт дæр тырныдта АИШ æмæ Европайы æрдæм.

Публикацийы ис фыст, цæмæй Гуырдызстонæн сæрибар базарады фæдыл бадзырдыл къухфыст АИШ-æн æфтиагджын у коммерцион къуымæй -фыссы Файнешенл таймс.

Статьяйы афтæ дæр ис фыст, цæмæй АИШ æмæ Гуырдызстоны æхсæн сæрибар базарады фæдыл бадзырд йæ фарсыл хæцы Гуырдызстоны премьер-минрстр Гиоргий Гахария. Уый ивгъуыд къуыри расидтис, цæмæй базарадон бадзырд у АИШ-мæ партнерады логикон адаргъ æмæ уый Гуырдызстон -АИШ-ы æдасдзинады интерестæ фæразмæ кæндзæн.

Дунейы, кæцыйы тæссагдзинæдтæ ис æмæ рæзынц, АИШ -ы æууæнкдзинады бавæрдæн, Вашингтон Гуырдызстонимæ сæрибар базарады бадзырдкуыд гæнæн ис афтæ тагъд хъуамæ æрфысса йæ къух.