«Файненшл Таймс» - Уæрæсейæ цæугæ тасæн цæмæй  Гуырдзыстон йæ ныхмæ слæууа,  уый тыххæй  дзы  Ныгуылæнæй  фылдæр æфсæддон æххуыс  домы
«Файненшл Таймс» - Уæрæсейæ цæугæ тасæн цæмæй Гуырдзыстон йæ ныхмæ слæууа, уый тыххæй дзы Ныгуылæнæй фылдæр æфсæддон æххуыс домы

Уæрæсейæ цæугæ  тасæн йæ  ныхмæ  слæууынæн,  Гуырдзстон, Ныгуылæнæй   фылдæр  бæрцæй   æфсæддон  æххуыс   домы –   ахæм сæргондæй стати публикаци кæны, бритайнаг «Файненшл Таймс» . Публикацийы бавдыст у,  Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министры,  Давит Залкалианийы   куырдиат,  кæцымæ гæсгæйæ,  «Уæрæсе  тынгдæр кæны  Сау Денджызы регионы   стратегион контроль,  кæцыйы дзуаппæн   Ныгуылæн  æфсæддон инвестицитæ  хъуамæ  фæфылдæр кæна».

Залкалианийы дзырдæй, зæгъгæ АИШы  æмæ Евроцæдисы æрдгæй, «фылдæр хъусдард  æмæ   æмгуыстад  хъæуы».   Уый  йæ хъусдард  цырын кæны  уыцы   фактыл,  цæмæй  «Уæрæсе  оккупацигонд  территоритыл   ракетæтæ æмæ  радартæ  æвæрын дарддæр кæны».

«Залкалианийы  ацы  куырдиатæй  бæрæг у,  цæмæй   энергоресурстæй   бонджын  базарадон   фæндæгтæн,  кæцы  Евроцæдисы  уæнг дыууæ бæстæйы донбыл хахх  асы æмæ  иуы æрдгæй, Европæ  Азиимæ,  æрмæст иннæ рдгæй та  Зæххастæу денджызбыл Æввахс  Скæсæнимæ   иу кæны,   тох  карз кæны» –  фыссы  «Файненшл Таймс».

Уый  дæнцæн, рауагъдад æрхаста  2019 азы  Гуырдзыстоны  ныхмæ сæххæст   киберлæбурд, кæцыйыл бæрн, АИШ-æ æм   Иугонд Паддзахад   сæвæрдтой Уæрæсейы  спец-куыстытыл.

«Киберлæбурды  фæдыл  куырдиæттæ  ахæлиуы  размæ,   «Файненшл Таймсимæ»  интервьюйы,  Гуырдзыстоны  фæсарæн хъуыддæгты  министр райхъусын кодта, цæмæй Уæрæсе  зæгъгæ  оккупацигонд Абхазы территоримæ   æфсæддон техникæ æмæ  амуници  æрвиты» – фыссы  рауагъдад.

«Стратегионæй,  ацы регион  æцæгæй дæр  иттæг нысаниуæгджын у  æмæ хъуаг у  Евроцæдисы æмæ  Ныгуылæйнаг партнерты  хъусдардæй,  кæцы æндæртæн  дæтты фадат  ацы хъуагдзинад  баххæст кæной» –  хъусын кæны Давит Залалиани.

Бритайнаг рауагъдадимæ ныхасы рæстæджы Залкалиани  дзуры,  цæмæй   Уæрæсе  оккупацигонд  Абхазы  сфидар кодта  уæлдæфыныхмæ  системæ С-300  æмæ радартæ, æрмæст анексиргонд Хъырымы  та  равæрдта иууыл ног  С-400.

«Уымæй  Уæрæсемæ æфты  фадат,  Сау Денджызы  æппæт периметр, æмæ  уымæй   дард   территоритæ  дæр скантрол кæна» – хъусын кæны  Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр.

Афтæма  йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ «Гуырдзыстонæн  æнæмæнгхъæугæ у  фылдæр  хъусдард  æмæ   æмгуыстад Евроцæдис æмæ  НАТО-йы   æмцæдисонтимæ,  куыд политикон  æмæ æфсæддон,  афтæ социал-экономикон  сферæты».

«Файненшл Таймс» банысан кодтой, цæмæй   Хъырымы  анексийы  фæстæ Уæрæсе   нысаниуæгджынæй  райрæзын  кодта  Сау Денджызы  флот,  кæцы   НАТО-йы  басхуыста регионы  патрулæй  зылд  интенсивон дæр  скæнын.  Статийы  дзырдæуы,   цæмæй   Мæскуы   афтæдæр фæтыхджын кодта   æфсæддон минæварад   Зæххастæу денджызбылы,  Сирийы  Башар Асады  диктаторон  режимæн æххуыс  уæрæхдæр кæныны æмæ Ливимæ интервенцийы æмæ  Халифа  Афтарæн æххуысы  фæрцы.