Фæсарæнтæй  Гуырдзыстоны æмбæстæгты  æрласынæн  ноджы дыууæ, Мадриды æмæ  Прагæйы  рейстæ  снысан ис
Фæсарæнтæй Гуырдзыстоны æмбæстæгты æрласынæн ноджы дыууæ, Мадриды æмæ Прагæйы рейстæ снысан ис

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты  министр Давит Залкалианийы  хъусинагæй,  зæгъгæ  фæсарæнтæй Гуырдзыстоны  æмбæстæгты  æрласынæн    ноджы  дыууæ рейс  снысан ис.

Давит Залкалиани  куыд  банысан кодта  афтæмæй,   30 апрелы   сыххæст уыдзæн  ног рейс  Тбилис-Мадрид-Тбилисы  ардæмадæй,   æрмæст  2  зæрдæвæраны  та сыххæст  уыдзæн  рейс  Тбилис-Прагæ-Тбилис.

Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ,   координацион  советы рабадтыл  ныхас  сырæзт   æндæр рейсты   сыххæсты  фæдыл дæр.

«Абон рабадтыл   фæуынаффæ кодтам   уæлæмхас рейсты   сыххæстыл.  Æввахс  бонты   ранывæзт ахæм  у:  14  апрелы  сыххæст уыдзæн   Тбилис-Амстердам-Тбилис, 16 апрелы  Тбилис-Париз-Тбилис, 18 апрелы  Тбилис-Тель-Авив-Тбилис, 21  апрелы Тбилис-Рим-Тбилис, 24  апрелы  Тбилис-Барселона-Тбилис, 27 апрелы  Тбилис-Варшава-Тбилис», – райхъусын кодта Давит Залкалиани.

Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ,  абоны   бæрæггæнæнтæй  5 540 æмбæстаг æрыздæхтис фыдыбæстæмæ.